Бæстон æрлæууыдысты кæсагдарæн хæдзарад саразыныл
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд инвестицион æмæ раззагдæр проекттыл. Бæстон æрлæууыдысты кæсагдарæн хæдзарад саразыныл. Экономикон рæзты министр Сокаты Марат куыд фехъусын кодта, афтæмæй арæзт цæуы нысанмæ фæткæй раздæр. Республикæ цы зæххы хæйттæ радих кодта, уыдоныл сарæзтой бассейнтæ валеркæсаджы лæппынтæ дарынæн. Уымæй дарддæр цæттæгæнæн куыст цæуы ноджыдæр 30 бассейны саразынæн. Проект царды кæй уадзынц, уый фадат радта 100 куысты бынаты скæнынæн. Аразынц ма хъармуæтты комплекс дæр. Ныртæккæ уал дзы ис 6 блокы æмæ административон корпус. Сæрды кæронмæ эксплуатацийы ратдзысты дыууæ блокы. Уый фæстæ инвестор бавналдзæн проекты дыккаг къæпхæнмæ. Стыр куыст ма бакодтой таможняйы логистикон парк саразыны тыххæй. Ацы къæпхæны æппæт инфраструктурæ æххæстгонд æрцыд, – фехъусын кодта терминалы разамонæг Акъоты Георгий. Инвестициты иумæйаг бæрц фæфылдæр 300 милуан сомæй. Æмбырды ма ныхас цыд Мамысоны комплексы куыстытыл, æппæт сезонты кусæг тематикон парк «Алания парк»-ыл, стæй туристон-рекреацион комплекс «Къæхтысæр»-ыл. Стыр æргом аздæхтой проект агро-экотуристон парк «Ирыстоны Зæхх»-мæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй æппæт проекттæн ис стыр нысаниуæг республикæйы социалон-экономикон рæзтæн.




