филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:25 понедельник, 15 декабря 2025
23 июля 2025, 11:49
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты рæзты фæдыл æмбырд

Архайдтой дзы вице-премьер Платы Альбинæ, физкультурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, профилон разамонджытæ

Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты рæзты фæдыл æмбырд. Архайдтой дзы вице-премьер Платы Альбинæ, физкультурæ æмæ спорты министр Фрайты Сослан, профилон разамонджытæ. Ацы аз, паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæнгæйæ, нæ регионæн фæрæзты бæрц у 280 милуан сомы онг. Уымæй дарддæр 330 милуан сомы сты æнæбюджетон фæрæзтæ. Нæ республикæйы нысан кæнынц цалдæр объекты саразын æмæ бындуронæй сцалцæг кæнын. Притеречныйы æмæ Раздзоджы фæзындзысты фæллоймæ æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады нормæтæ дæттынæн фæзтæ. Заводскойы поселочы та – спортивон фæз æмæ модулон зал. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ стыр æргом аздахдзысты спортивон скъолатæ нырыккон кусæнгæрзтæй ифтонг кæнынмæ. Хицæнæй æрлæууыдысты спорты алы хуызтæ парахат кæныныл, – хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады пресс-службæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania