Архайдта дзы Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды техникон æмæ экспортон цæстдарды Федералон службæйы Управленийы разамонæджы хæдивæг Надежда Шеверова
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур техникон хъахъхъæнынады Советы æмбырд. Архайдта дзы Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды техникон æмæ экспортон цæстдарды Федералон службæйы Управленийы разамонæджы хæдивæг Надежда Шеверова. Куыд бафиппайдта, афтæмæй фæстаг азты зынгæ фæфылдæр компьютерон ныббырстыты рæзт Уæрæсейы информацион инфраструктурæйыл. Фæлæ техникон, барадон æмæ æндæр методтæ, æмтгæй райсгæйæ, фадат дæттынц зианхæссæг фæзындтыты ныхмæ архайынæн. Республикæйы нымæцон рæзты Комитеты сæрдар Гахаты Даниил фехъусын кодта, ведомство паддзахадон информацион системæтæ бахъахъхъæнынæн цы куыст кæны, уый тыххæй. Зæгъæм, кусы вирусты ныхмæ иумæйаг системæ. Æмбырды ма ныхас цыд информацион æдасдзинады къабазы специалисттæ цæттæ кæныныл. Дзанайты Барис бæрнон кусджытæн бабар кодта IT-къабазы кадрты политикæмæ бæстон цæст дарын.




