филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 пятница, 29 марта 2024
05 августа 2022, 10:13
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд ведомствæты хсæн къамисы æмбырд

Æрдзырдтой дзы республикæйы бюджетыл 2023-24 æмæ 2025 азтæн

Цæгат Ирыстоны премьер-министр Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд ведомствæты хсæн къамисы æмбырд. Æрдзырдтой дзы республикæйы бюджетыл 2023-24 æмæ 2025 азтæн. Цæмæй республикæйы бюджеты проект афоныл скæной, уый тыххæй регионы экономикон райрæзты министрад бацæттæ кодта инвестицион программæтæ 2023 азмæ, стæй  2024-2025 азты проект. Проект абоны онг ахады 100 мадзалыл. Дзанайты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, инвестицион программæтæм  фыццаджыдæр бахæссын хъæуы, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм мадзæлттæ. Районты сæргълæуджыты та хъæуы бынæтты фылдæр кусын. Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ хъæуы объектты арæзтад æмгъуыдæй раздæр фæуын, стæй Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы домæнтæ æххæст кæнын. Æмбырды æрныхас кодтой ахсджиагдæр объекттыл æмæ æркастысты, республикæйæн цы фæрæзтæ рахай кæнынц, уыдон фæфылдæр кæныны тыххæй мадзæлттæ саразынмæ. Дзанайты Барис ма экономикон райрæзты министрадæн бабар кодта проект республикæйы финансты министрадæн бацæттæ кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania