Ныхас кодтой хæцгæ низтæ парахат кæнын ма бауадзыныл
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд ведомствоты хсæн къамисы æмбырд, æмæ дзы ныхас кодтой хæцгæ низтæ парахат кæнын ма бауадзыныл. СПИД æмæ инфекцион низты ныхмæ республикон центры сæйраг дохтыр Тауаситы Валерияйы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз, фаронимæ абаргæйæ, ВИЧæй рынчынты нымæц фæкъаддæр 1 æнæхъæны æмæ 1 дæсæм хай проценты. Цæгат Ирыстон нæ хауы, Уæрæсейы уыцы бæрæггæнæнтæ æгæр бæрзонд кæм сты, ахæм 30 регионы хыгъдмæ. Уымæй дарддæр ма нæ регион нæ хауы – Уæрæсейы хуссар хайы æппæтæй тæссагдæр 5 субъекты номхыгъдмæ дæр, – фехъусын кодта ведомствойы разамонæг. Æмтгæй райсгæйæ, 1994-æм азы, ВИЧ-инфекци официалон æгъдауæй бæрæггонд цæуын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ нæ республикæйы территорийы раиртæстой 2942 цауы. Æмбырды ма ныхас цыд профилактикон мадзæлттыл. Тауаситы Валерия куыд радзырдта, афтæмæй рæстæгæй-рæстæгмæ центры специалисттæ саразынц лекцитæ æмæ фæсивæдимæ фембæлдтытæ. Ацы куыстмæ здахынц волонтерты ргом дæр. Æппæт фарстатæм хъуамæ цæуа бæстон цæстдард, æмæ низ не руадзынынæн та профилактикон мадзæлттæ фæкарздæр кæнын, – загъта Хицауады Сæрдар.




