Æмбырды архайдтой хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд ведомствоты хсæн республикон къамисы æмбырд «Горæты æнцонвадат архайды» проекты фæдыл. Афтæмæй æххæстгонд цæуы национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты тыгъдад». Æмбырды архайдтой хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Къамисы уæнгтæ æрныхас кодтой 2024-æм азы куысты хатдзæгтыл. Муниципалон скондты разамонджытæ радзырдтой æхсæнадон территротæ аив кæныны тыххæй. Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы къабазы фæстаг æртæ азмæ стыр куыст бакодтой. Федералон æххуысы фæрцы Цæгат Ирыстоны территорийы арæзт æмæ аивгонд æрцыдысты дæсгай социалон объекты, 240 æхсæнадон æмæ кæрты территорийы, æмæ ма царды рауагътой 8 проекты. Сæ иумæйаг аргъ 1 миллиард æмæ 400 милуан сомы. Æмбырды ма æрныхас кодтой ацы азы нысантыл. Дзанайты Барис ведомствотæн бабар кодта куыстытæм бæрнон цæстæй кæсын.




