Сæйрагдæр ныхас цыди, объектты бындурон цалцæджы рæстæг æппæт домæнтæ æххæст кæныныл
Республикæйы Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыди ахуырады объекттæ зынгсирвæзтытæй æмæ террористон акттæй хъахъхъæныны фарстаты фæдыл æмбырдæн. Сæйрагдæр ныхас цыди, объектты бындурон цалцæджы рæстæг æппæт домæнтæ æххæст кæныныл. Дзанайты Барис æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, ахуыргæнæндæтты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн æнæмæнг хъуыддаг у ведомствæты хсæн æмгуыстад. Фембæлды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ, ацы азы июнæй куыст цæуы, ахуырадон куыстуæтты бындурон цалцæгæн консультативон æххусыл. Фыццаджыдæр уый ахадгæ у зынгсирвæзтыты ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæнынæн. Дзуаппдæттæг оргæнты минæвæрттæ ма æрдзырдтой объекттæ видеоцæстдарды æмæ хъусынгæнæн фæрæзтæй куыд ифтонг сты, ууыл дæр. Уыдон та – æнæнæхъæлæджы цауты рæстæг спайда кæнынæн.




