филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:55 суббота, 13 декабря 2025
19 сентября 2025, 10:35
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд инфраструктурон проекттæ федералон æххуысæй царды уадзыны фарстаты фæдыл æмбырд

2022-æм азæй Цæгат Ирыстон спайда кодта 3 миллиарды æмæ 800 милуан сомæн бюджетон кредиттæй

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд инфраструктурон проекттæ федералон æххуысæй царды уадзыны фарстаты фæдыл æмбырд. 2022-æм азæй Цæгат Ирыстон спайда кодта 3 миллиарды æмæ 800 милуан сомæн бюджетон кредиттæй. Фæрæзтæ хардзгонд æрцыдысты траспорты, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтады къабæзты проекттыл. Æмбырды архайджытæ бæстонæй æркастысты алы къабазы ныртæккæйы куыстмæ дæр. Дзанайты Барис фæбæрæг кодта республикæйы социалон-экономикон рæзтæн финансон æххуысы механизмты ахсджиагдзинад. Премьер-министр зæрдыл æрлæууын кодта, инфраструктурон бюджетон æмæ къазнайы сæрмагонд кредиттæй, стæй федералон æххуысы æндæр мадзæлттæй спайда кæнын регионæн дæтты егъау проекттæ сæххæст кæныны фадат. Уыимæ та, ног куысты бынæттæ, адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын, стæй экономикон рæзтæн уæлæмхасæн гæнæнтæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania