филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:43 суббота, 31 января 2026
03 ноября 2022, 11:49
Дзанайты Барисы разамындæй ацыд культурон хæзнатæ бахъахъхъæныны ведомствæты хсæн регионалон кусæг къорды æмбырд

Республикæйы хъахъхъæнынады хыгъдмæ хаст æрцыди федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 411 объекты, стæй 238 та сты регионалонтæ

РЦИ-А Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд культурон хæзнатæ бахъахъхъæныны ведомствæты хсæн регионалон кусæг къорды æмбырд. Культурон хæзнатæ хъахъхъæныны æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдар Гæлуты Ацæмæз куыд загъта, афтæмæй республикæйы хъахъхъæнынады хыгъдмæ хаст æрцыди федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 411 объекты, стæй 238 та сты регионалонтæ. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ, арæзт æрцыди сæрмагонд мадзæлтты пълан, культурон бынтыл цы объекттæ нымад сты, уыдонæн муниципалон исбоны бардæттæг æвдисæндартæ бацæттæ кæнынæн. Гæлуты Ацæмæз куыд бафиппайдта, афтæмæй исбоны бартæ фадат ратдзысты ацы объекттæ алыхуызон паддзахадон программæтæм хæссынæн. Цæгат Ирыстонæн ис хъæздыг культурон бынтæ, уникалон архитектурæ æмæ историон цыртдзæвæнтимæ. Фæстаг азты ирдæй уынæм регионы бынæттон туризмы райрæзт, уæдæ рæзы этнокультурон бынтæм цымыдисдзинад дæр. Сæ бахъахъхъæныны хæс æвæрд ис республикæйы хицаудзинады оргæнты размæ, загъта Дзанайты Барис. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектты цур хибарæй арæзтæдтæ кæныны закъоны хицæндзинæдтыл дæр. Хицауады сæрдар профилон комитетæн бахæс кодта, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтимæ бакусын, цæмæй амынд объектты цур зæххы хæйттæ дæттыны фæткыл кусой карздæр фæткмæ гæсгæ. Культурон цыртдзæвæнтæ бахæссын хъæуы туристон-экскурсион маршруттæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania