Ныхас цыди Цæгат Ирыстоны фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн кампанийы хатдзæгтыл
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй ацыд социалон-фæллойадон ахастдзинæдты фарстаты фæдыл æртæвæрсыг къамисы æмбырд. Ныхас цыди Цæгат Ирыстоны фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн кампанийы хатдзæгтыл. Ацы мадзæлтты архайдта 23 мин сывæллоны, уый та, фаронимæ абаргæйæ, у 15% къаддæр. Ацы аз республикæйы лагерьты сæ фæллад уагътой ног регионтæй сывæллæттæ дæр. Æппæт лагерты радтæ дæр баст уыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæныны азимæ. Дзанайты Барис бузныг загъта, сывæллæтты фæлладуадзыны кампанийыл чи бакуыста, уыдонæн. Уымæй уæлдай, къамисы уæнгтæ æрдзырдтой 2026-æм азы цæрыны æппынкъаддæр бæрцыл. Ацы хъуыддаджы фæдыл радон къæпхæн – регионалон Хицауадмæ документ æркæсынмæ радтын. Æмбырды ма ныхас цыди фæллойы къабазы социалон æмгуыстады рæзтыл профцæдисты ахадындзинад. Дзанайты Барис къамисы уæнгты размæ рахаста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хæслæвæрдтæ. Иууылдæр баст сты адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнынимæ. Бæлвырддæр та – инвестицион климæты æмæ амалхъомдзинады рæзтыл æмдыхæй бакусын. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй абон ацы къабазы ис зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнтæ.




