Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй фарстатæ афоныл æмæ куыд æмбæлы, афтæ лыггонд куы цæуой, уæд хуыздæр кæндзысты республикæйы цæрджыты уавæртæ
Дзанайты Барисы разамындæй хицауады æмбырды ныхас цыд республикæйы социалон-экономикон фарстатæ лыг кæныныл. Премьер-министр куыд бафиппайдта, афтæмæй фарстатæ афоныл æмæ куыд æмбæлы, афтæ лыггонд куы цæуой, уæд хуыздæр кæндзысты республикæйы цæрджыты уавæртæ. Цæгатирыстойнаг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ ветерантæн сæ бон уыдзæн фæрæзтæ исын, хъæууон хæдзарады къабазы проекттæ царды уадзынæн. Уымæн ахъаз уыдзæн ног федералон æххуысы мадзал – грант «Агромотиватор». Курдиæттæ исдзæн республикæйы хъæууон хæдзарады Министрады къамис. Уымæй дарддæр, хицæн категориты адæмæн, сбæрæг социалон гарантитæ дæттыны фæтк, цæрæнуæттæн æмæ коммуналон лæггæдтæн фидыны фæдыл. Хицауады уæнгтæ ма хорзыл банымадтой, промышленнон куыстуæттæн субсидитæ дæттыны фæткмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Уыдонæй æхгæндзысты хæрдзты иу хай, ног кусæнгæрзтæ æлхæнгæйæ. Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис ма бахынцта – промышленность экономикæйы къабазы ахсджиагдæр хай кæй у, уый. Æмбырды ма æркастысты кадрты фарстамæ дæр.




