Республикæйы хицауады сæрдар зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы ламидæттæй рацæуынæй тæссаг кæм у, уыцы бынæттæй адæмы æдас ранмæ раивыны хъуыддаджы Уæрæсейы арæзтады министрадимæ æмгуыстад кæнын
Республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыд, уым ныхас цыди æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты куыстыл, стæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ федералон æмвæзадыл разамонджыты хæстæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Дзанайты Барис зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы ламидæттæй рацæуынæй тæссаг кæм у, уыцы бынæттæй адæмы æдас ранмæ раивыны хъуыддаджы Уæрæсейы арæзтады министрадимæ æмгуыстад кæнын. Хицауды сæрдар æрдзырдта Чкаловы æмæ Мамсыраты Хаджумары уынгты фæндаджы уаццагы уавæрыл. Дзуаппдæттæг оргæнтæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг куыстытæм бавналдзысты. Хид сифтонг кæндзысты æдасдзинады фæрæзтæй, сæвæрдзысты дзы нысантæ, бырутæ, стæй хиды бын æфсæйнагæй конд цæджындзтæ. Дзанайты Барис æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады минæвæртты зæрдыл æрлæууын кодта, Алагиры районы Хилакы гуырæнбынат сæрмагонд æгъдауæй хъахъхъæд чи уыдзæн, ахæм æрдзон территорийæ снысан кæныны хъуыддагыл бакусын. Ахæм статус ма Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ, хъуамæ лæвæрд æрцæуа Нары хъæуæн дæр. Цæмæй дзы æнæзакъон арæзтæдтæ ма цæуа, уый тыххæй.




