филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:51 вторник, 16 декабря 2025
03 августа 2022, 10:10
Дзанайты Барисы разамындæй уыд кусæг фембæлд, традицион удварны хæзнаты Цæдис «Чырыстойнаг дуне»-йы минæвæрттимæ

Æрныхас кодтой, Дзæуджыхъæуы æппæтадæмон форум «Христианство на Кавказе: традиции и современность» саразыныл

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд кусæг фембæлд, традицион удварны хæзнаты Цæдис «Чырыстойнаг дуне»-йы минæвæрттимæ. Æрныхас кодтой, Дзæуджыхъæуы æппæтадæмон форум «Христианство на Кавказе: традиции и современность» саразыныл. Мадзал баст уыдзæн Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонимæ. Куыд ма уын æй хъусын кодтам, афтæмæй бæрæгбоны егъау мадзæлттæ ацæудзысты ацы аз. Форумы сæйраг нысан у – Уæрæсейы цæрæг адæмыхæттыты традицион удварны бастдзинæдтæ фидардæр кæнын, стæй Цæгат Кавказы адæмты æмæ конфесситы хсæн диалогы рæзтыл архайын. Форумы архайджытæ уыдзысты 300 адæймагæй фылдæр. Се хсæн – æхсæнадон, наукон, этнокультурон, дины æмæ ахуырадон организациты, хицаудзинады оргæнты, Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты минæвæрттæ. Уымæй дарддæр форумы раныхас кæндзысты æппæтадæмон эксперттæ дæр. Фембæлды архайджытæн раарфæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис загъта, не ппæты сæйрагдæр хæс кæй у Аланийыл саргъуыды 1100 азы бон иттæг хорз сбæрæг кæнын. Хъуамæ суа афæдзы ирддæр æмæ зæрдылдарæн культурон цаутæй иу. Ацы форум ахсджиаг у куыд нæ республикæйæн, афтæ æппæт Цæгат Кавказæн дæр. Цæдис «Чырыстон дины» президент Алексей Черкезов куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстонимæ фыццаг хатт æмгуыстад нæ кæнынц. 2014-æм азы организаци нæ республикæйы сарæзта чырыстон форум фæсивæдæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2017-æм азы Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста указ, 2022-æм азы Аланийыл саргъуыды 1100 азы бон сбæрæг кæныны тыххæй. Пъланмæ гæсгæ, арæзт цæуынц культурон-дзыллон мадзæлттæ, равдыстытæ æмæ фестивальтæ, рухстауæн æмæ рауагъдадон проекттæ, стæй цæуынц культурон бынты объектты реставрацийы мадзæлттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania