филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:23 суббота, 31 января 2026
05 июня 2024, 11:42
Дзанайты Барисы разамындæй уыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас цыд, 1100 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъолайы арæзтадыл

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд сæрмагонд æмбырд. Ныхас цыд, 1100 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъолайы арæзтадыл. Арæзт цæуы Дзæуджыхъæуы Владивостокскийы уынджы. Цæгат Ирыстоны ахуырады министрады æмæ æнæххæстбарджын æхсæнад «ПроШкола»-йы хсæн ивгъуыд аз мартъийы фыст æрцыд бадзырд. Уый æххæст кæнгæйæ цæуы ахуыргæнæндоны арæзтад. Проекты иумæйаг аргъ у 1 миллиард æмæ 300 милуан сомы. Куыстытæ ныридæгæн цæуынц. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ахсджиаг у объект бæлвырд рæстæгмæ эксплуатацийы раттын. Нырыккон стыр скъолайы арæзтад цæуы Дзæуджыхъæуы егъаудæр районтæй иуы. Проект æххæстгонд цæуы, Уæрæсейы Президент Владимир Путины æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы кусæг фембæлды фæстæ. Уыдзæн нырыккон ахуыргæнæндон æмæ дзуапп дæтдзæн тæккæ нырыккондæр домæнтæн. Ахсджиаг у хæрзхъæддзинадыл архайын, цæмæй сывæллæттæ æнцон уавæрты ахуыр кæной, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania