филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:23 воскресенье, 29 сентября 2024
21 января 2013, 17:27
Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы ерыстæ ацыдысты грекъаг-римаг хъæбысхæстæй

Архайдтой дзы æрыгон спортсментæ. Æппæты тыхджындæр разындысты Дзæуджыхъæу æмæ Æрæфы районы командæтæ.

Архайдтой дзы æрыгон спортсментæ. Æппæты тыхджындæр разындысты Дзæуджыхъæу æмæ Æрæфы районы командæтæ. Уæлахиздзаутæ архайдзысты Цæгат Кавказы Федералон зылды ерысты, стæй та Олимпаг чемпион Борис Гуревичы номарæн дунейон турниры Мæскуыйы. Ацы ерысты ма Уæрæсейон иугонд командæйы уæнгты æвзæрзтой Европæйы æмæ дунейы чемпионаты архайынмæ.

Гуыцмæзты Роберт УФ-йы сгуыхт тренер: «Хуыздæр кусиккам, фæлæ кæм архайæм, ахæм бынат нын нæй. Æхуысс нын кæнынц скъолайы директортæ. Хорз лæппутæ нæм бирæ ис ам».

Беккуызарты Руслан, Ерысты архайæг: «Царды вæййы алы фæндæгтæ; ис ахуыры фæндаг, ис ерысы фæндаг. Æмæ сабыргай мæхи хъаруйы фæрцы цæуын размæ, адæм мын æххуыс кæнынц æмæ кæд рамбулин. Ерысты хæцыдыстæм æмæ куыд тренировкæтæ кæнæм афтæ æмбулæм. Афтæ уаи. Ацы ерысы кæд рамбулæм уæд ацæудзыстæм Цæгат Кавказы ерыстæм, уый фæстæ та Гуревичы номарæн турнирмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania