филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:15 суббота, 28 сентября 2024
12 января 2022, 11:15
Дзасохты Музафер сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей

Йæ царды сæйрагдæр хъуыддæгтыл кæддæриддæр нымадта зонындзинæдтæм тырнындзинад æмæ поэзимæ уарзондзинад

Ирыстоны адæмон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, публицист, культурæйы сгуыхт кусæг Дзасохты Музафер сбæрæг кодта йе 85 азы юбилей. Йæ царды сæйрагдæр хъуыддæгтыл кæддæриддæр нымадта зонындзинæдтæм тырнындзинад æмæ поэзимæ уарзондзинад. Авторы бирæ уацмыстæ баст сты хæсты фæстæ тыхст азтимæ. Абон Музаферы зæрдыл цы рлæууа, уый ис. Йæ литературон бынты тематикæ у алывæрсыг – райдай философийæ æмæ лирикæйæ фæуы. Зындгонд фыссæджы цардыл афæлгæст Фидараты Маринæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

85 азы цард – раст цымыдисаг чиныджы хуызæн. Хиуылхæцт, æргомзæрдæ, рæстдзæвин æмæ хæларзæрдæ Дзасохты Музафер йæ юбилейыл сæмбæлд йæ кусæн бынаты уæлхъус. Нæ йæ бафæндыд сфæлдыстадон изæртæ кæнæ æндæр мадзæлттæ аразын. Уыцы-иу рæстæг йæ телефон æнæрлæугæйæ скусы. Арфæтимæ йæм дзурынц йе мкусджытæ, æмбæлттæ æмæ хæстæджытæ. Ирыстоны адæмон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг, публицист, нæ дуджы æвдисæн. Уымæй дарддæр «Ирыстоны намысы майданы» хицау, цалдæр паддзахадон премийы лауреат литературæйы къабазы, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Дзасохты Музафер райгуырд 1937-æм азы. Йæ фыд йæ цардæй ахицæн, Музафер ма хæрзчысыл саби куы уыди, уæд. 10 азы йыл куы сæххæст, уæд та баззад æнæ мадæй. Хæсты фæстæ азтæ нымайы йæ хъысмæты трагикондæр рæстæгыл. Уыцы темæ ирдæй бæрæг дары йæ уацмысты: «Уалдзыгон стъалытæ», «Уырсдоны былыл» æмæ афтæ дарддæр. Йæ уацмыстæ сты автобиографион. Æвдыст дзы цæуы 40-æм азты рæстдзинад æмæ зæрдæйы рыст.

Зонындзинæдтæм тырнындзинад æмæ поэзимæ уарзондзинад систы æвзонг Музаферы сæйрагдæр хъуыдытæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институт каст фæуыны фæстæ, йæ фæллойадон фæндаг райдыдта газеттæ «Рæстдзинад» æмæ «Æвзонг коммунист»-ы редакциты.

Фæстæдæр инструкторæй куыста Коммунистон партийы цæгатирыстойнаг обкомы интсрукторæй, телеуынынады æмæ радиохъусынады паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæгæй. 1985-æм азæй фæстæмæ йе сфæлдыстадон биографи æнгом баст у æрыгон фæлтæримæ. 30 азæй фылдæр уыд сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы æнæивгæ сæйраг редактор. Уым кусгæйæ, кæстæрты ахуыр кодта царды сæйрагдæр хъуыддæгтыл – кад æмæ намысыл.

Абон дæр Музаферы зæрдыл цы рлæууа, æмæ йæ сæр бæрзæндты цæмæй хæсса, уый ис. Йæ литературон бынтæ иу тæрхæгыл нæ бацæудзысты. Уацмысты тематикæ у алывæрсыг – райдай философийæ æмæ лирикæйæ фæуы. Кæд йе мдзæвгæтæ цыбыр сты, уæддæр сæ алкæцыдæр хицæн кæны арф хъуыдыйæ.

Дзасохты Музафер хъуыстгонд у куыд курдиатджын тæлмацгæнæг дæр. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Александр Пушкины, Михаил Лермонтовы, Стефан Цвейгы, Джанни Родарийы, Антуан де Сент-Экзюперийы, Астрид Линдгрены, æмæ суанг Уильям Шекспиры стæй  Омар Хаямы æнæмæлгæ уацмыстæ. Музаферæн йæхи æмдзæвгæтæ та тæлмацгонд æрцыдысты уырыссаг, украинаг, белоруссаг, венгейраг æмæ дунейы æндæр æвзæгтæм. Йе сфæлдыстад кæддæриддæр баст уыд рæзгæ фæлтæримæ. Ныр дæр æгуыстæй нæ бады. 2021-æм азы рухс федта йæ ног уацмыс. Уæвгæ, адæмон поэтмæ ныр дæр ис стыр фæндтæ æмæ бæллицтæ. Зæгъæм, йæ къухфыстыты 6 томы ныммыхуыр кæнын, стæй, кæддæриддæр йе мбал чи уыди, æмæ æнусы мгар чи у, уыцы мыхуыргæнæн машинæ сцалцæг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania