филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
03 июня 2021, 13:58
Дзбойты Михал Мызуры монументыл бакодта номарæн фæйæнæг

Уым фыст æрцыд сылгоймаджы ном, æмæ афтæмæй скульптор дуры равдыста Æмбалаты-Дзбойты Хадзыгуайы æгæрон хъы

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи бацарæфтыд, уыдоны номыл цыртдзæвæн Мызуры фæзынд 30 азы размæ. Скульптор Дзбойты Михал ацы горельеф аразыны бавæрдта йæ уд. Ацы хатт та поселокмæ ссыди, цæмæй раргом кæна иу сусæгдзинад – цыртдзæвæнæн сюжет кæцæй райста, уый. Дæсгай азты фæстæ Дзбойты Михал монументыл бакодта номарæн фæйæнæг. Уым фыст æрцыд сылгоймаджы ном, æмæ афтæмæй скульптор дуры равдыста Æмбалаты-Дзбойты Хадзыгуайы æгæрон хъыг. Михал фыццагкъласон куы уыди, уæд æвдисæн фæци иу трагикон нывæн – йæхи цæстытæй федта, æдзард хъæбатыры мадæн сау гæххæтт куыд æрбахастой, уый. Уыцы цау йæ хъуыдыйы баззад, фæхаста йæ цæргæ бонты æмæ йæ равдыста йæ скульптурæйы фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania