филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2022, 12:03
Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй

Ацы æгъдау сæххæст кæнынц хуыцаубоны, кусарт кæй хæдзары вæййы, уыдон

Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Ацы æгъдау сæххæст кæнынц хуыцаубоны, кусарт кæй хæдзары вæййы, уыдон. Бæрæгбоны алы лыстæг хъуыддагæн дæр ис сæрмагонд нысаниуæг, æмæ уый кæстæртæм фæхæццæ кæнын у ахсджиаг, зæгъынц хистæртæ. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Зилгæйы Кодзырты хæдзар. Ныхасы бар нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæйæн.

Бæрæгбонмæ цæттæгæнæн мадзæлтæ Кодзырты хæдзары сæумæраджы сæ тæмæны сты. Джеоргуыба райдайы галæргæвдæнæй. Нывонд æрхæссыны размæ хистæртæ Хуыцаумæ скувынц.

Сылгоймæгтæм ацы бонты фæхауы æртæ кæрдзыны скæнын æмæ фынгтæ æрæвæрын. Ацы хъуыддаджы сæйрагдæр у – сыгъдæг зæрдæйы ахастимæ архайын.

Кодзырты Альбинæ: «Алы аз дæр кæнæм кусæрттаг, Хуыцауы ном арæм. Цы курæм æмæ цæмæ кувæм, уыдон нæ къухы куыд æфтой, иннæ аз дæр та ныл рæсугъддæрæй куыд æрцæуа, Хуыцау уый зæгъæд».

Бæрæгбоны æгъдæуттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæццæ кæнын, æмæ афтæмæй ирон адæмы истори хъахъхъæнын, уый у сæйраг нысан, зæгъынц хистæртæ. Уымæ гæсгæ алы цæттæгæнæн хъуыддаджы дæр фæсивæд сæ уæлхъус сты.

Бзарты Таймураз: «Галæн йæхи хабар та афтæ у. Кæй фæхæссынц, уый нывондгонд вæййы Джеоргуыбайæн, Уастырджийæн – Табу йæхицæн. Иннæ фосæй уæлдай йæм хуыздæр фæзилынц, цæмæй рæсугъд уа, ссыгъдæг æй кæнынц, кæстæртæ йæ аргæвдынц, ахæйттæ кæнынц – кувынмæ æртыгай фæрсджытæ, базыгæй æндæрæй сæ фæхицæн кæнынц. Сылгоймæгтæм сæ раттынц æмæ сæ уыдон мах раз сыгъдæгæй æрæвæрынц».

Джеоргуыба у ирон адæмы стырдæр бæрæгбон. Вæййы ноябры кæрон – адæм фæззыгон тыллæг куы бафснайынц, уæд. Кодзырты Тамерланы дыргъдоны дæр хъæздыг бæркад вæййы. Ис дзы 300 бæласы.

Кодзырты Тамерлан: «Ис бæлæстæ алыхуызæттæ дæр. Фæткъуы, кæрдо, бал». + «Алы аз дæр нæм вæййы тоннæтæ тыллæг. Байуарæм сæ сыхбæстæн, хъæубæстæн, хæстæджытæн. Базармæ дзы иу ведра дæр нæ хæссæм».

Хъæздыг тыллæджы тыххæй арфæ ракæнын, иннæ аз та ноджы хуыздæр куыд уа. Ууыл вæййынц бæрæгбоны куывдтытæ. Фæлæ, хистæрты ныхæстæм гæсгæ, абон дунейы цы уавæр ис, уый хынцгæйæ, ацы аз сæйрагдæр куывдтытæ уыдзысты сабырдзинады тыххæй. Сæрмагондæй Хуыцауыл фæдзæхсынц, Зилгæйæ æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы фæсивæды. Се *хсæн ис бархионтæ, стæй мобилизаци æххæстгæнгæйæ кæмæ фæсидтысты, ахæмтæ дæр.

Кодзырты Афæхъо: «Æнæниз цард куыд уа, адæм кæрæдзийы куыд бамбарой, Хуыцау сын куыд æххуыс кæна, Уастырджи сæ йæ рахиз фарсы бын куыд дара. Нæ Иры фæсивæд Украинæйы сты. Бирæтæ дзы цардхъуагæй ацыдысты. Кувдзыстæм, цæмæй къаддæр зиантæ куыд уа, æмæ æнæнизæй нæ лæппутæ куыд æрыздæхой фæстæмæ Ирыстоны зæхмæ, Иунæг кадджын Хуыцау уый зæгъæд».

Джеоргуыбайы бæрæгбон ахæсдзæн иу къуыри. Уыцы бонты адæм кæрæдзимæ уазæгуаты цæудзысты æмæ сæ иумæйаг куывд Хуыцаумæ хæццæ кæндзысты.

Джеоргуыбайы æрвитæн уыдзæн иннæ къуырисæры. Кусæрттагæй радих кæнынц сæрмагонд хай, цæмæй ма бæрæгбоны кæронбæттæны адæм иу хатт скувой æмæ сæхи Хуыцауыл бафæдзæхсой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania