28 ноября 2023, 12:21
Джеоргуыбайы бæрæгбон сбæрæг кодтой Хæххон паддзахадон аграрон университеты
Театрализацигонд концерт «Осетия праздничная»-йы архайдта республикæйы 20 ансамблæй фылдæр.
Джеоргуыбайы бæрæгбон сбæрæг кодтой Хæххон паддзахадон аграрон университеты дæр. Театрализацигонд концерт «Осетия праздничная»-йы архайдта республикæйы 20 ансамблæй фылдæр. Равдыстой алыхуызон номертæ. Артисттæ сценæйы скуывдтой æмæ се *ппæты Хуыцауыл бафæдзæхстой. Мадзалы сæйрагдæр нысантæй иу у – ирон æгъдæуттæ бахъахъхъæнын æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæццæ кæнын.
темæмæ гæсгæ




