филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
25 марта 2021, 13:36
Джиоты бинонтæн се ппæт дæр æххуыс кæнынц сæ хæдзар сцалцæг кæнынæн

Хъыгдардбаййафæг бинонты фарс æрбалæууыд Беслæны разамынд

Джиоты бинонты цы бæллæх æрцыд, уый тыххæй базыдтой се ппæт дæр. Сæ хæдзар сæ быныл басыгъд. Æмæ ма уый сраст кæнæн бæргæ уыди, фæлæ зынгсирвæзт ахаста бирæсывæллонджын бинонты фыды цард. Иуæй-иу дзыллон информацийы фæрæзты ацыд мæнг хъусынгæнинаг, зæгъгæ сын ног хæдзар аразынц. Хъуыддагыл та бынтон афтæ нæу, æмæ бинонты, раздæрау, хъæуы алывæрсыг æххуыс. Куыд у уавæр æцæгæй, уый тыххæй бæлвырд радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Фыццаг уал цар æркалдис, уый фæстæ та тыхджын срæмыгъдæй дуар ратыдта. Дарддæр та раст цыма мигъы бауадысты, афтæ фесты — мысынц Джиотæ, цы фыдбылыз сыл æрцыд, уый. Февралы кæроны бинонтæн сæ хæдзар йæ быныл басыгъд. Зынгсирвæзт райдыдта хъармгæнæны. Куыд сбæрæг, афтæмæй йæ аххосаг ссис, газ дзæгъæлцыд кæй фæкодта, уый. Бинонтæ уæд тарф фынæй уыдысты æмæ цы рцыд, уый сонтæй нæ бамбæрстой. Зынгсирвæзты фæстæ беслæйнаг бинонтæ æрмæст æнæхæдзар нæ фесты. Фыдбылызæй сæхимæ нæма æрцыдысты, афтæмæй йæ цардæй ахицæн сывæллæтты фыд Æхсарбег. Зынгсирвæзты йæ буар тынг басыгъд æм йын дохтырты бон баххуыс кæнын нæ бацис.

Лæппутæ се мбæлттимæ æмæ иннæ зæрдæхæлар адæмимæ сæхи тыхтæй ногæй аразынц хæдзар. Сыгъдæг кæнынц территори, калынц бырæттæ. Цы æхцатæ сæм æрæмбырд, уыдонæй та балхæдтой цар бамбæрзынæн æрмæг. Фæлæ уый у сæ хæрдзты чысыл хай. Иннæ æрмæджытæн хъæуы æхца, фæлæ ахæм фæрæзтæ бинонтæм хъыгагæн нæй.

Хъыгдардбаййафæг бинонты фарс æрбалæууыд Беслæны разамынд. Баххуыс сын кодтой документтæ ногæй райсынмæ, фæстæдæр та сæм фæкæсдзысты коммуникацитæ бауадзынмæ.

Зынгсирвæзты бонæй фæстæмæ Джиоты бинонтæн æххуыс кæнынц Стыр Ныхасы уæнгтæ дæр. Организацийы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег куыд радзырдта, афтæмæй цы æхцатæ æрæмбырд кодтой, уыдонæй балхæдтой арæзтадон æрмæджытæ æмæ баххуырсдзысты, бындур чи ныффидар кæндзæн, уыцы кусджыты.

Джиоты бинонтæн баххуыс кæнын у алкæй бон дæр. Уый тыххæй спайда кæнут, ныртæккæ уæ экрантыл цы реквизиттæ уынут, уыдонæй. Æхца арвитæн ис Дыгъуызты Иринæйы банчы хыгъдмæ, кæнæ та йæ хотæ Иринæ æмæ Лианæйы хыгъдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania