филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
07 апреля 2021, 12:57
Джыбыты сезон ацы аз райдыдта мæй раздæр

Боны ахаст хъарм кæй у, уымæ гæсгæ, джыбыты хæстытæ уыди февралы дæр

Джыбыты сезон ацы аз райдыдта мæй раздæр. Боны ахаст хъарм кæй у, уымæ гæсгæ, джыбыты хæстытæ уыди февралы дæр. Ацы сезон æнæзæрдæмæдзæугæ у куыйтæ чи дары, уыцы адæмæн. Тезгъойы фæстæ, куыйты фæхъæуы бæстонæй басгарын. Джыбытæ иртасы зоологийы хицæн хай. Æдæппæтæй сты 54 мин хуызы. Зианхæссæн джыбытимæ фембæлды фæстæ, цы кæнын хъæуы, уый тыххæй радзурдзæн Гутъиаты Алинæ.

Уалдзæг куы ралæууы, уæд куыйтæ кæмæ ис, уыцы адæмæн раст фæдис хъæр кæнын æмбæлы. Куыддæр æрбахъарм вæййы, уæд сæ цыппæркъахыг хæлæрттæм сарæх вæййынц джыбытæ. Куыйтæ сæ уды дзæбæхæн фæтезгъо кæнынц цъæх кæрдæгыл, хæдзармæ та æрбаздæхынц тæссаг зулчъытимæ.

Куыйтæ кæмæ ис, уыцы адæмы уарзондæр тезгъогæнæн бынат у Фæскомцæдисонты парк. Сæ ныхæстæм гæсгæ ацы бынаты сæ куыйтæ самал кæнынц джыбыты.

Хæрззылд æмæ прививкæтæ афойнадыл кæмæн скодтой, уыцы цæрæгойтæм джыбы нæ уæнды. Фæлæ хъыгагæн адæймагæн йæ хабар æндæрхуызон у. Уæлдайдæр та сывæллонæн. Афæдзы райдианæй Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдардмæ æрбацыдысты, джыбы кæуыл фæхæцыд, ахæм авд адæймаджы. Уыдонæй æртæйæ — сывæллæттæ.

Специалисттæ амонынц — иугæр джыбы уæхиуыл федтат, уæд æвæстиатæй ацæуыт хæстæгдæр медицинон пунктмæ. Уым зулчъы хъавгæ сисдзысты, æмæ йæ арвитдзысты Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды хайадмæ. Уым раиртасдзысты, джыбы цавæр низ хæссæг у, уый. Кæд æмæ нæ республикæйы джыбыты хæстæй вакцинæ нæй, уæддæр хъыгдардбаййафæджы уавæрмæ хъæуы дыууæ къуырийы дæргъы цæст дарын.

Нырыккон фæрæзты фæрцы тæссаг зулчъытæй ис фервæзæн цалдæр сахатмæ. Дзæуджыхъæуы паркты кæрдæг пырх кæнынц сæрмагонд хостæй.

Горæты газонтæм æрвылаз зилынц сæрмагонд фæрæзтæй, цæмæй сæм тæссаг зулчъытæ хæстæг ма цæуой. Ацы аз нырма ахæм мадзæлттæ æххæстгонд нæма æрцыдысты. Æнхъæлмæ кæсынц, кæрдæг кæд бахус уыдзæнис, уымæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania