филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:28 воскресенье, 29 сентября 2024
28 августа 2014, 11:25
Джызæлы цæрджыты тыхсын кæны æнæзакъон бырондон

Джызæлы цæрджыты ныр цалдæр азы тыхсын кæны, хъæуы хизæнуаты бынаты бырондон арæзт кæй æрцыдис, уыцы хъуыддаг. Бынæттон администраци ацы фарста алыг кæныныл бирæ хæттыты архайдта, фæлæ ныры онг уавæр нæ аивта. Сæ хъаст адæм бахастой Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбегмæ.

73942
Джызæлы цæрджыты ныр цалдæр азы тыхсын кæны, хъæуы хизæнуаты бынаты бырондон арæзт кæй æрцыдис, уыцы хъуыддаг. Бынæттон администраци ацы фарста алыг кæныныл бирæ хæттыты архайдта, фæлæ ныры онг уавæр нæ аивта. Сæ хъаст адæм бахастой Паддзахадон Думæйы депутат Хæдарцаты Махарбегмæ.
Джанайты Теминæ Джызæлы æрцардис 6 азы размæ. Бинонтæ хæдзар балхæдтой хизæнуатмæ хæстæг. Ууыл сылгоймаг разы уыдис. Хъомыл кæны 5 сывæллоны. Уыдоны сæ къахыл слæууын кæныны тыххæй дары фос. Фæлæ фæстаг цалдæр азы размæ хизæнуаты зæххытæ заууатмæ цæуын райдыдтой. Сæвзæрд дзы æнæзакъон бырондон.
Джанайты Теминæ, Джызæлы цæрæг: «Ам бырондон сарæзтой. Хъомтæ кæм хизой, уый дæр нæй. Уый размæ дзы 2 бойнямæ радтон, æмæ сæ хуылфытæ быронæй дзаг уыдысты. Калынц ардæм æхсæвæй-бонæй. Бынат дзы хизынæн нæй. Ис мын 5 сывæллоны. Фæнды мæ бирæ фос скæнын. Фæлæ нæй гæнæн, кæм сæ дарæм, уый нæй».
Арæзтадон æмæ æндæр хауæддзæгтæ, зæронд дзаумæттæ, сывæллæтты хъазæнтæ. Бырæтты обæуттæ 15 гекратæй фылдæр фæзуаты. Ардæм сæ ласын райдыдтой 2 азы размæ.
Бырон æнæ закъонæй кæй калынц, уый тыххæй ивар æмбæлы 1-æй 2 мины æмæ 500 сомы онг. Фæлæ ахæм æфхæрдæй фыдракæндджытæ нæ тæрсынц. Уæвгæ, сæ сбæрæг кæнын дæр зын у. 2 азмæ иваргонд æрцыд æрмæстдæр 25 адæймаджы бæрц.
Адæмы ныхæстæм гæсгæ, хизæнуатмæ бырæттæ аппарынц иуæй-иу цæрджытæ, ласынц ма йæ горæтæй дæр. Уавæр аивыныл архайы бынæттон администраци. Æрвылбон хъæуæй бырæттæ раласы сæрмагонд машинæ.
Доййаты Аслан, Джызæлы администрацийы сæргълæууæг: «Фæнды мæ нæ хъæуы цæрджытæм бадзурын, цæмæй ацы хъуыддаг чи кæны, уыдоны хъахъхъæной, махмæ кæнæ-иу пъæлицæйы хайадмæ куыд бадзурой. Цæмæй йæ рæстæгыл уыцы фарста лыггонд æрцæуа».
Адæм сæ хъаст бахастой Хæдарцаты Махарбегмæ. Паддзахадон Думæйы депутат ацы хъуыддагмæ куыдфæндыйы цæстæй не ракаст. Уайтагъд бынатмæ æрбакæнын кодта æфснайæн техникæ. Фæлæ цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уымæй уавæр нæ аивдзæн.
5-æм хатт дзы цыдæриддæр уыдис, уыдон ныссыгъдæг кодтой. Фæлæ дзы лæг куы нæ уа, уæд æхсæвæй-бонæй горæтæй ласынц.
Хæдарцаты Махарбег адæмæн загъта, цæмæй радзурой, уыдонмæ гæсгæ цы бакæнын хъæуы, уый. Зæрдæ бавæрдта, хуыздæр уынаффæтæм кæй æркæсдзæн, уымæй.
Хæдарцаты Махарбег, Паддзахадон Думæйы депутат: «Ивары бæрц гыццыл у, фæфылдæр кæнын æй хъæуы. Уыцы гæххæтт мах ныффысдзыстæм Парламентмæ. Уым æм хъуамæ æркæсогй. Уый у иу хабар. Ардæм бырон чи ласы, уый 5 хатты иваргонд куы æрцæуа, уæд уавæр ивдзæн. Хъæуы цæрджытæ ма ахæм уынаффæ рахастой, æмæ сæвæрын видеокамерæтæ. Уый дæр хорз хъуыды у. Пъæлицæйы хицау дæ рам лæууы, уый загъта, рад кæй сараздзæн, иу мæйы бæрц. Кæсдзысты, æмæ фылдæр адæм ахсдзысты».
Депутаты хъуыдымæ гæсгæ, хизæнуаты бырондон сæвзæрд, зæххытæй куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ пайда кæнынц, уый тыххæй. Джызæлы хъæуы хъæууон хæдзарады райрæзтыл архайын. Уæд зæххытæм дæр уыдзæн æмбæлгæ цæстдард.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania