филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
21 мая 2024, 11:40
Джызæлы 2-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг, ахуыргæнæндоны рауагъдонтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдонæн

Мемориалон фæйнæг байгом кæныны мадзалы архайдтой хæстонты хæстæджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.

Джызæлы 2-æм скъолайы байгом кодтой мемориалон фæйнæг, ахуыргæнæндоны рауагъдонтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдонæн. Хуыбаты Эльбрус уыд Хуссар Ирыстоны хæстон цауты архайæг. Службæ кодта Цæцæны республикæйы дæр. Фæлтæрдджын хæстон æмæ дæсны снайпер уыд батальон «Алани»-йы фыццаг бархионты хыгъды. Хъаныхъуаты Владиславмæ фæсидтысты мобилизацийы рæстæг 2022-æм азы. Йæхи хъæбатырæй равдыста тохты. 39-аздзыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг Бедойты Сосланæн баззад 4 сывæллоны. Харебаты Азæмæт сæрмагонд æфсæддон операцийы архайдта фыццаг бонтæй фæстæмæ. Хъæбатырæй фæмард 2022-æм азы декабры. Баззадис ын фырт. Гвардийы сержант Хуыриаты Рустам фæмард, йæ фæстаг сулæфтмæ йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. Мемориалон фæйнæг байгом кæныны мадзалы архайдтой хæстонты хæстæджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania