23 мая 2025, 11:12
Джызæлы æвæрынц доны ног хæтæлтæ
Баиу сæм кæндзысты 400 абонентæй фылдæр
Джызæлы æвæрынц доны ног хæтæлтæ. Сæ дæргъ у 350 метры. Баиу сæм кæндзысты 400 абонентæй фылдæр. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц Калинины уынгæй ног хи зæххы хæйтты рдæм. Зæронд хæтæлтæ сæвæрдтой 60 азы размæ, хызтæ баихсыдысты. Уымæй фæстæмæ ма, кæлæддзаг хæтæлты уадзæн гæнæнтæ дæр уыдысты æгæр ныллæг. Ныртæккæ доны куыстуаты специалисттæ сæвæрдтой 200 метры бæрц æмæ сæ баиу кодтой дондзæуæнмæ. Уыцы-иу рæстæг ма бригад æвæры цъайтæ зынгхуыссынгæнæн гидранттимæ æмæ сæрмагонд арматурæимæ. Системæйы модернизаци фæхуыздæр кæндзæн, Джызæлы цæрджыты донæй æххæст кæныны хъуыддаг.

темæмæ гæсгæ