филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:39 суббота, 28 сентября 2024
21 июня 2024, 11:40
Джызæлы бындур сæвæрдтой цæрæн комплексы арæзтадæн

Уый къухы бафтыд паддзахадон программæ «Хъæуты территориты комплексон райрæзт»-ы æххуысæй

Джызæлы бындур сæвæрдтой цæрæн комплексы арæзтадæн. Уый къухы бафтыд паддзахадон программæ «Хъæуты территориты комплексон райрæзт»-ы æххуысæй. Программæйы амынд куыд ис, афтæмæй фæрæзты иу хай дæтты паддзахад, хæрдзты иннæ хай та йæхимæ исы инвестор. Ног хæдзæрттæ райсдзысты аграрон къабазы 31 кусæджы. Ныридæгæн уал дзы бындур æвæрд æрцыди дыууæ хæдзарæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сцæттæ уыдзысты ацы азы кæрон. Иннæ азы кæронмæ та  æххæстгонд æрцæудзæн коттеджты поселокы арæзтад  иууылдæр. Дур сæвæрыны кадджын мадзалы архайдтой хицаудзинады оргæнтæ, компанийы минæвæрттæ æмæ бынæттон цæрджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania