03 мая 2018, 18:10
Дзуæрттимæ цыд Мæздæджы
Ацы бонты чырыстон адæм бæрæг кæнынц, Куадзæн æмæ Кæрдæгхæссæны хсæн чи вæййы, уыцы бæрæгбæттæй иу.
Дзуæрттимæ цыд Мæздæджы. Ацы бонты чырыстон адæм бæрæг кæнынц, Куадзæн æмæ Кæрдæгхæссæны хсæн чи вæййы, уыцы бæрæгбæттæй иу.
Уый кадæн алы аз дæр Мæздæджы дзуæрттимæ цыд вæййы Мæздæджы Мадымайрæмы дзуары уазнывимæ. Ацы аз æрцыди, аргъуантæ куы ныппырх кодтой, кувæндæттæм цæуын куы нал уагътой, уый 100 азы бонимæ иумæ. Дзуарынывимæ адæм цыдысты æнæхъæн бинонтæй. Се хсæн хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, алы ведомствæты минæвæрттæ. Мæздæджы Мадымайрæмы дзуарыныв нымад у диссæгтæ аразæгыл. Дины кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уыди ахæм цаутæ, æмæ ацы бæрæгбоны адæм цы куырдтой, æмæ цæмæ куывтой, уыдон сын тагъд рæстæджы Хуыцауы цæст бауарзта. Мæздæгæй Дзуары уазныв æрвыст æрцыди станицæ Луковскаямæ. Ардыгæй Кæрдæгхæссæнмæ бабæрæг кæндзæн районы æппæт аргъуантæ дæр. Сæйраг бæрæгбоны та уыдзæни Троицкæйы. Уый фæстæ йæ фæстæмæ ахæсдзысты Мæздæджы аргъуанмæ.
темæмæ гæсгæ




