филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:10 вторник, 16 декабря 2025
24 октября 2025, 10:35
Дзуарыхъæуы Абайты хæдзары дыууæ къуырийы цæуынц арæзтадон куыстытæ

Сæ цæрæн бынат ссыгъд, электрон тыхы телты цыбыр аныдзæвды фæстæ

Дзуарыхъæуы Абайты хæдзары дыууæ къуырийы цæуынц арæзтадон куыстытæ. Сæ цæрæн бынат ссыгъд, электрон тыхы телты цыбыр аныдзæвды фæстæ. Бинонтæ аирвæзтысты. Фæлæ хæдзарæй ницыуал баззад. Уавæрмæ цæуы бæстон цæстдард. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.

Абайты бинонтæн зынгсирвæзты фæстæ сæ хæдзар саразынæн баххуыс кæнын уыд республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæ. Пенсиисджытæ Сергей Меняйломæ сæ курдиатимæ куы бацыдысты, уæд вице-премьер Атарты Георгий ацыд Дзуарыхъæумæ. Йæхи цæстæй федта хæдзары уавæр.

Абайты хæдзар ссыгъд электрон тыхы телты цыбыр ныдзæвды фæстæ. Зынг бæстыхайыл апарахат сахаты *рдæгмæ.

Абайты Ханифæйы ныхæстæм гæсгæ, бинонтæн арт аххуыссын кæнынæн æххуыс кодтой æнæхъæн хъæуæй. Фæлæ сын аирвæзын кæнын ницы бантыст, суанг ма документтæ  дæр басыгъдысты.

Арæзтадон куыстытæ цæуынц дыууæ къуырийы. Кусджытæ архайынц пъолтæ аразыныл. Фидар кæнынц хæдзары къултæ дæр.

Тагъд рæстæг аразджытæ бамбæрздзысты хæдзары сæр, сæвæрдзысты рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Æппæт куыстытæ фæуынвæнд кæнынц уазæлтты агъоммæ. Кусынц тагъд, цæмæй Абайтæ Ног азыл ноггонд хæдзары сæмбæлой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania