филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:37 пятница, 11 июля 2025
21 июня 2025, 12:44
Дзуарыхъæуы æвæрынц доны былгæрæттæ фидаргæнæн кусæнгæрзтæ

Бындурон конструкци аразынц Фыййагдоны цæугæдоны фæйнæ фарс

Дзуарыхъæуы æвæрынц доны былгæрæттæ фидаргæнæн кусæнгæрзтæ. Бындурон конструкци аразынц Фыййагдоны цæугæдоны фæйнæ фарс. Куыстытæ райдыдтой мартъийы. Фыццаг 1200 метры рацарæзт хъуамæ фæуой ацы азы кæронмæ. Æдæппæтæй та нысан кæнынц 4000 мин метры уаццаг сфидар кæнын, Фыййагдоны галиу æмæ рахиз фарсы былгæрæттæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Афтæ арæзтадон бригадтæ фидар кæнынц Фыййагдоны рахиз былгæроны алы сантиметр дæр. Хъахъхъæнæн конструкци фидаргонд цæуы быцæугæнæн фæрæзыл. Йæ бæрзæнд у метр æмæ 20 сантиметры. Къулы бетоны фæтæн у 22 сантиметры. Ахæм арæзтад бафæраздзæн доны тыхæй, зæгъынц специалисттæ. Фæлæ сæйраг куыстытæм рахизыны разæй уал хъæуы аивын цæугæдоны донвæд.

Магомед Магомедов, прораб: «По проекту мы отводим на 3-4 метра воду, делаем вал, чтобы вода не поступала, и мы могли работать. Заливаем подбетонник, армируем клетку и поэтапно уже заливаем бетон. На сегодняшний день заармировано у нас 300 метров, подбетонник готов на 390 метров и под «ноль» уже залит бетон уже на 250 метров».

Æдæппæтæй ацы азы кæронмæ аразджытæ хъуамæ куыстытæ фæуой былгæроны 1 200 метры дæргъыл. Объекты кусы 25-æй 50 адæймаджы онг. Подрядон организаци фæлтæрдджын у, гидротехникон æмæ инженерон арæзтадты куыст 10 азæй фылдæр кæны. Сæрмагонд цæстдард цæуы бетон къулы хæрзхъæддзинадмæ. Хуызæгтæ бæлвырд кæнынц лабораторийы.

Былгæрæттæ фидаргæнæн арæзтадтæ Дзуарыхъæуы рагæй хъуыдысты. Тыхджын къæвдаты рæстæг хъæу арæх бахауы цæугæдоны уацары. Ам цæры мин æмæ 500 адæймаджы онг. Иуæй-иу хæдзæрттæ лæууынц былгæронмæ хæстæг.

Конструкцийæ фидар кæндзысты 2 былгæроны дæр. Куыстытæ фæнд кæнынц 2027-æм азы фæуын. Арæзтады процесс кæд æнæрлæугæ у, уæддæр специалистты бахъæудзæн цалдæр хатты æрлæууын. Зæгъæм, зымæджы. Уымæ гæсгæ куыстыты фæтк æнгом у. Проекты иумæйаг аргъ у 370 милуан сомы.

Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ ма фæнд кæнынц былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ сæххæст кæнын Алагиры районы доны 2 объекты. Суададжы æмæ Ногхъæуы хъахъхъæнæн фæрæзтæ аразынмæ бавналдзысты иннæ аз.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania