Нæ бæстæйы сæйраг продукт – дзул кæй фæзынаргъдæр, уый бирæты тыхсын кæны.
Йе фтиæгтæ гыццыл кæмæн сты, уыдон та арæхдæр сты пенсиисджытæ, уыдонæн фылдæр хатт сæ бон нæ вæййы 16-18 сомæй дзул балхæнын. Уымæй асламдæр та йæ ссарæн нæй.
Хуыздæрмæ æнхъæлмæ гæсгæйæ, адæм фыдæнхъæл фесты. Эксперты хъуыдымæ гæсгæ, дзулы аргъыл ма ноджыдæр бафтдзæн.
Цæмæн сæвзæрд ахæм уавæр æмæ йын цавæр аххоссæгтæ ис, ууыл нæ дарддæры æрмæг.
Цæгат Ирыстоны цæрджыты, раздæрау, тыхсын кæны дзул кæй фæзынаргъдæр, уый. Фарон ын йæ аргъ куыд систой, афтæмæй баззад. Кæд æмæ бæрнон кусджытæ фидарæй дзырдтой, уавæрмæ кæй æркæсдзысты, уæддæр. Куыд уынæм – дзул нæ фæасламдæр. Уый нæ фæлæ ма гæнæн ис æмæ сæрдмæ йæ аргъ рæздзæн. Хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Тотраты Олег куыд загъта, афтæмæй æрвылаздæр республикæйы мæнæу хъæуы 75-85 мин тоннæйы. Ссад та 65 мин тоннæйы. Специалисты бæрæггæнæнтæм гæсгæ нæ республикæ йæхи ссадæй æфсады æрмæстдæр 60%. Иннæ бахъуы балхæнын. Уæдæ 2012 азы ма боны хъæд дæр хорз нæ уыд. Бирæ мæнæу фесæфт. Æрымбырд кодтам æрмæстдæр 8 мин тоннæйы». Ныртæккæ иу буханкæ балхæнæн ис 16-18 сомæй. Ам ма зæгъын хъæуы уый æмæ дзулыл бафтауынц дуканиты уæйгæнджытæ дæр. Афтæмæй та йæ аргъ кæны дзæвгар бæрзонддæр.
Бузойты Сергей, дзулфыцæн куыстуаты хицау: «Куыд мæм кæсы, афтæмæй мæнæу æмæ дзулы аргъ дарддæр дæр кæндзæн бæрзонддæр. Нæ бон куыд у, афтæ архайæм дзулы аргъ бæрзонд куыд нæ цæуа, ууыл. Фæлæ нæ уайы. Мæнæуы аргъ уæлæмæ кæй цæуы, уый дзулфысджытæн дæр пайда нæу. Продукцийы рауагъд къаддæр кæны. Ныртæккæ сæйрагдæр у ссады аргъ бауромын. Мæнмæ гæсгæ ахæм уавæр æрмæст Ирыстоны нæ сæвзæрд, фæлæ æгас Уæрæсейы дæр. Æмæ хъуыддагмæ хъæуы бæстон æркæсын».
Бузойты Сергей дзул фыцыны куыст кæны 20 азæй фылдæр. Йæ рæстæджы куыста Дзæуджыхъуæуы дзулфыцæн заводы. Куы йæ сæхгæдтой, уæд та байгом кодта йæхи чысыл куыстуат. Ныртæккæ йæ цех сахатмæ уадзы 200 буханкæйы. Ласынц æй рынчындæттæм æмæ рæвдауæндæттæм. Сæвзæрд уавæры сæ куыст дарддæр куы цæудзæн, уый ныр зын зæгъæн у. Хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттæ цалдæр хатты фембæлдысты дзулфыцæн куыстуæтты хицæуттимæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, уавæр фæхуыздæр уаид, дзулфыцæн цехтæ æмæ пекарнитæ бынæттон хъæууон-хæдзарадон куыстуæттимæ бадзырдтæ куы бафыссиккой, уæд. Уæд мæнæуы аргъ уаид асламдæр, къаддæр уаиккой сæ хæрдзтæ, асламдæр уаид дзулы аргъ. Фæлæ куыд рабæрæг хоры кустгæнджытимæ бадзырдтæ бафыстой æрмæстдæр 2 куыстуаты. Экспертты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ардыгæй сæрдмæ, цалынмæ аграритæ мæнæуы ног тыллæг нæ бафснайой, уæдмæ дзулы аргъыл æфтдзæн.
Зыхъуаты Жаннæ




