Ахæм сæргондимæ райдыдта Цæгат Кавказы фæсивæдон медиа-форумы пресс-конференци
Дзыллон
информацион фæрæзтæ, куыд æмбарынад æмæ сабырдзинады бындур. Ахæм сæргондимæ
райдыдта Цæгат Кавказы фæсивæдон медиа-форумы пресс-конференци. Курдиæттæ йæм
балæвæрдтой Мæхъæлы, Дагестаны, Кæсæг-Балхъары, Хъæрæсе-Черкесийæ, Цæцæны
республикæты, Стъараполы крайæ, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ, æддæппæтæй
36 архайæджы. Медиа-форум цæуы нæ республикæйы 18-æм апрелæй 21-мæ.
Архайынц журналисттæ æмæ политологтæ, Мæскуыйаг
уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ, медиа фæзуаты зындгонд адæм куыд
Маргарита Лянге, Надежда Ажгихина, Руслан Гусаров, Хæбæлаты Фатимæ. Проект æххæстгонд
цæуы Уæрæсейы президенты граннты фонды фæрæзтæй. Уыдон радзырдтой журналистты сæйраг
æууæлты тыххæй. Йæ ныхасы ахадындзинад, стæй хи куыд дарын хъæуы æмæ æппæты сæйрагдæр
журналист хъуамæ уæ сæрибар.




