Ныртæккæ зонгæ кæны паддзахадон разамынды бындуртимæ. Эдуарды разамонæг у премьер Дзанайты Барис
Дарддæр цæуы программæ «Ирыстоны Намыс»-ы финалистты ахуырад. Радзурдзыстæм ы тыххæй. Йæ ахуырадмæ гæсгæ у юрист, 25 азы куыста Донецкы Адæмон республикæйы. Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй пенсимæ рацæугæйæ, хæдзары йæ бон бадын нæ уыдис, аздæхт быцæуы зонæмæ. Ныртæккæ зонгæ кæны паддзахадон разамынды бындуртимæ. Эдуарды разамонæг у премьер Дзанайты Барис. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хæстон камуфляж официалон костюмыл баивы, æрмæст куы бахъæуы, уæд. Хицауады хæдзары фæткæвæрд домы бæлвырд дресс-код æххæст кæнын. Ирон хæдон скæнын у Эдуард Зачиняевæн йæхи хъæппæрис. Йæ ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй æнцондæр у. Ацы бынаты программæ «Ирыстоны Намыс»-ы финалист фæстаг рæстæг арæх уазæг вæййы. Ис республикæйы Хицауады сæрдары бæрны. Дзанайты Барис Эдуардæн æргом кæны йæ бирæ азы фæлтæрддзинад разамынд дæттыны структурæйы. Кæд æнæвдæлон вæййы, уæддæр премьер лæмбынæг цæст дары йæ ахуырдзаумæ.
Аппаратон æмбырд, Хицауады æмбырд æмæ ма æндæр ахсджиаг фембæлдтытæ ведомствæты разамонджытимæ. Премьеры фæтк цыма секундтæм гæсгæ фыст у. Эдуард Зачиняев архайы, алы лыстæг хъуыддагмæ дæр хъус дарын. Йæхимæ дæр чысыл фæлтæрддзинад нæй. Дзæуджыхъæуæй рацæуæг, юрист йæ ахуырадмæ гæсгæ, 25 азы снывонд кодта Донецкы адæмон республикæйæн. Куыста мидхъуыддæгты министрады оргæнты æмæ прокуратурæйы, йæхи цæстытæй федта, 2014-æм азы цы быцæу райдыдта, уый куыд рæзтис. 2022-æм азы та пенсимæ рацæугæйæ, æрыздæхт йæ бинонтимæ Ирыстонмæ, фæлæ бирæ рæстæг бынаты бадын йæ бон нæ уыд.
Легендарон «Пятнашка»-йы æфсæддон службæ кæны йæ уарзон 15-æм регионæн. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй фарон хорзæхджынгонд уыд «Ирыстоны сæраппонд»-ы майданæй. Граждайнаг царды йæ къухы цавæр æнтыстдзинæдтæ бафтдзæн, уый равдисдзæн рæстæг. Ацы хъуыддаджы баххуыс кæнын у регионалон программæ «Ирыстоны Намыс»-ы нысан. Эдуард Зачиняевы проектмæ æрбацæугæйæ бæлвырд нæ зыдта, финалмæ бахæццæ уыдзæн, æви нæ, уый. Ныр 32 финалисты хыгъды дыккаг мæй ахуыр кæны разамынд дæттыны бындуртæ.
Алцæуылдæр бындуронæй архайын Эдуард ахуыр у. Йæ алы хъуыддаджы дæр ын сæйрагдæр у – фылдæр кусын, къаддæр дзурын. Зындзинæдты сæрты хизын та йын æххуыс кæны хъæлдзæг зæрдæйы ахаст. Афтæ кæсы, цыма йæ царды ног къæпхæны дæр Эдуард бæлвырд зоны, цавæр бæрзæндтæм æй схизын фæнды, уый.
Программæ «Ирыстоны Намыс»-ы ахуырадон модуль райдыдта августы кæрон. Майы онг архайджытæ сæ зондамонджыты æххуысæй райсдзысты бирæ ног зонындзинæдтæ. Уыдонæй æнæмæнг сæ бон спайда кæнын уыдзæн фидæны – паддзахадон службæйы, бизнесы кæнæ цавæрфæнды æндæр къабазы.




