филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:44 воскресенье, 01 февраля 2026
19 октября 2023, 11:40
Ефрейтор Пагæты Артем сæрмагонд æфсæддон операцийы ис фыццаг бонтæй

Уыд уæззау цæфтæ, йæ кæстæр æфсымæр фронты фæмард

Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар та у Пагæты Артем. Ефрейтор, хистæр æхсæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ис фыццаг бонтæй. Уыд уæззау цæфтæ, йæ кæстæр æфсымæр фронты фæмард. Уый фæстæ Артемы цæстæнгас бирæ хабæрттæм аивта. Фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Артем ныр дывæр бæрнондзинадимæ цæттæ у дарддæр, йæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æвирхъау хабармæ куыд хæстæг уыд, уый Артем фæстæдæр бамбардзæн. Уыцы минут бæлвырд зыдта, уæларвон тыхтæ йын баххуыс кодтой. Йæ цонджыхъулыл сырх æндах. Уый ныр 8 азы нæ ласы.

Сæры æмæ буары хæйтты сыгъдтытæ, реанимаци, стæй даргъ æмæ уæззау реабилитаци. Ефрейтор Пагæты Артем æфсæддон рæнхъытæм нырма уæд æрыздæхт фыццаг цæфы фæстæ. Æмæ уайтагъд йæ батальоныл æрцыд америкаг реактивон системæтæ HIMARS-ы цæф. Украинæйы æфсæддон тыхтæ пайда кодтой дронтæй дæр, зæгъы хæстон.

Запорожаг горæт ТокмАк. Украинæйы æфсæддон тыхты боевиктæ нæ ауæрстой хуымæтæг цæрджытыл. Горæты цæрæн кварталтыл цы ракетæтæ рауагътой, уыдоны уыд шрапнель, фылдæр адæм ныццæгъдынæн. Уæрæсейаг æфсады нысан – атакæтæн ныхкъуырд радтын æмæ хи хъахъхъæнæн линитæ бауромын.

Хъахъхъæнынады министрадæй Артеммæ ис «Сирийы æфсæддон операцийы архайæгæн» майдан. Уый фæстæ йæ схорзæхджын кæндзысты «Хæстон сгуыхтдзинады» æмæ Жуковы майдантæй. Фæсном «Пагич»-имæ æфсæддон хъуыды кæны, размæ куыд бырста, цæлхдуртæ нæ уынгæйæ.

Фæстæдæр чингуытæ цæуыл ныффысдзысты, æмæ кинонывтæ цæуыл сисдзысты, ахæм. Ирыстон сæрыстыр цæмæй уыдзæн, ахæм. Чысыл горæт Æрыдоны та йæ фыдæн, иунæгæй 2 лæппуйы чи схъомыл кодта, уымæн цæй тыххæй радзурдзысты, ахæм. Йæ Лæгдзинад абон у æрыгон салдæттæн æмæ рæзгæ фæлтæрæн дæнцæг.

Ацы видеойы æфсымæртæ нырма иумæ сты, фæлæ тагъд бахаудзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы алы фронттæм. Кæстæр Ростислав Пятихаткæты бын мæлæтдзаг тох райсдзæн. Ацы видео систа йæ мæлæты размæ.

Ростиславы фæстæ хæдзар сидзæрæй баззад, зæгъы Артем. Æрмæст дзы 10 мæйы кæстæр уыд. Фронтмæ ацыд æфсымæрон æмуддзинадæй, кæд æмæ йын бронь уыд, уæддæр. Фæлæ æцæг ирон уды тых æмæ йæ фыды хъомылад ын нæ радтой, фæсчъылдым баззайыны бар. Сидзæрæй баззадысты 3 сывæллоны.

Цардæн йæхи сценарий ис. Ростиславы мæлæт Артемы цæстæнгас бирæ хабæрттæм аивта. Йæ контракт ма 3 азмæ адарддæр кодта. Зоны, разæй йæм æнцон фæндаг не нхъæлмæ кæсы, йæ хæстæджы ацыды рыст – бадзæбæх кæнæн кæмæн нæй, ахæм цæф у. Хуымæтæг царды сабырдзинады уыцы рыстæн фæразæн нæй, зæгъы Артем. Йæ фæндаг æнæмæнг аккагæй ацæудзæн æмæ æрыздæхдзæн уæлахиздзауæй, уымæн æмæ йыл ныр дывæр бæрнондзинад æвæрд ис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania