02 сентября 2019, 17:20
Экологон акцийы архайынц Мæздæджы районы цæрджытæ дæр
Активисттæ сæ тых сарæзтой Терчы былгæрæттæ бафснайынмæ.
Экологон акцийы архайынц Мæздæджы районы цæрджытæ дæр.
Активисттæ сæ тых сарæзтой Терчы былгæрæттæ бафснайынмæ. Акци парахатдæр у, горæты цæрджыты хсæн. Йæ саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы хаттæй фылдæр адæм никуы рацыди зиумæ. Адæм базылдысты районты доны объектты алывæрстæм дæр. Павлодольскæйы та ныссыгъдæг кодтой æфсæддонты цыртдзæвæн.




