Сывæллæттæ кæм архайынц, ахæм детективон ныв Ирыстоны у фыццаг
Радон премьерæ. Экрантæм рацыд сериал «Недетские игры». Сывæллæттæ кæм архайынц, ахæм детективон ныв Ирыстоны у фыццаг. Йæ саразыны хъæппæрис разынд музыкант æмæ режиссер Илья Братчикмæ. Киноныв арæзт у цалдæр серийæ. Æвдыст дзы цæуы, æвзонг шахматисттæ прокуратурæйы раздæры слестгæнæгæн куыд æххуыс кæнынц, уый. Премьерæйы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Æцæг ирон детектив. Режиссер Илья Братчик æй хоны квест – сериал. Сæфт хъуссæджыты сусæгдзинад базондзысты сывæллæттæ сæхæдæг. Æххуыс та сын кæндзæн шахмæттæй ног ахуыргæнæг – Константин Карпов. Фыдгæнæгæй иу къахдзæф раздæр цæуын, мат сæвæрын æмæ йæ рамбулын. Ахуыргæнæг æмæ раздæры прокуратурæйы слестгæнæджы роль æрхауд Джиоты Ибрагиммæ. Куыд зæгъы, афтæмæй тынг цымыдисаг у.
Цикл «Недетские игры» арæзт у цалдæр серийæ. Алкæцыйы дæр дзы æвдыст цæуы ног цау. Уыимæ дзы вдисынц прокуратурæйы раздæры слестгæнæджы истори. Сывæллæттæ кæм архайынц, ахæм детективон ныв Ирыстоны фыццаг у. Режиссеры бафæндыд ног жанртимæ бакусын, цæмæй адæмæн цымыдисагдæр уа, уый тыххæй.
Сывæллæттæ дæр куыстой хистæрты хуызæн. Стыр текстытæ æмæ репетицитæ. Киноныв саразын зын у, фæлæ æппæтæй æвзонгдæр артисттæн дæр уый сæ зæрдæмæ цыд. Дианæ Арутюнян хъазыд хистæр къласы ахуырдзауы роль, Мамиаты Миланæ та уыд, зын сахат сын хорз хъуыды чи лæвæрдта, уый.
Фыццаг сери рацыд уыцы иу рæстæг стыр экраны, стæй популярон видеохостингы официалон аккаунты дæр. Дыккаг сери та рацыд знон. Æдæппæтæй уыдзысты 8.




