Ахæм закъоны проект фыццаг æмæ дыккаг бакасты сфидар кодтой республикæйы Парламенты æмбырды
Елхот, Сырх-Дыгур, Джызæл æмæ Майрæмадагæн саккаг кæндзысты кадджын ном «Æфсæддон намысы хъæу». Ахæм закъоны проект фыццаг æмæ дыккаг бакасты сфидар кодтой республикæйы Парламенты æмбырды. Ацы хъæуты цыдысты æппæтæй карздæр тохтæ. Афтæ 1942-æм азы ноябры Майрæмадаг хъахъхъæнджытæ ныхкъуырд радтой знагæн. Абон дæр хъæуы цæрджытæ сæ зæрдыл дарынц Суаргом хъахъхъæнджыты рухс нæмттæ.
300 адæймагæй фылдæр æфсымæрон ингæны «Суаргом хъахъхъæнджыты» музейы территорийы æмæ æнусон арты зынг алы хатт дисы бафтауынц рæзгæ фæлтæры. Майрæмададжы, 42-æм азы цы карз цаутæ цыдис, 34-æм хицæн æхсæн бригады æрыгон хæстонтæ сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ знаджы куыд нæ уагътой, 5 æфсæддон-денджызон училищæйы курсанттæ æрмæст къуыримæ цы сæдæгай сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй дыккагæмкъласонтæн дзурын æнцон нæу.
Майрæмадаг лæууыд немыцы фæндагыл Суаргоммæ. Уый уыд знаджы фæстаг фæлварæн Арвы комы фæндагмæ бабырсын æмæ сæххæст кæнын Кавказы тохы нысантæ.Чысыл хъæу бацахсыны тохы фашисттæ стыр тыхтæ схардз кодтой. Фæлæ Суар хъахъхъæнджытæ сæ Райгуырæн зæххы сæрвæлтау сæ цард нæ бавгъау кодтой æмæ ныхкъуырд радтой. 700 æрыгон хæстоны онг æнустæм баззадысты ирон зæххыл.
Райгуырæн хъæуы цытджын истори бынæттон скъолайы ахуырдзаутæ ахуыр кæнынц Лæгдзинады урочыты. Педагогтæн уый æрмæст патриотон хъомылады элемент нæу, фæлæ Майрæмададжы хæстон ивгъуыды намыс.
Ацы зæхх чи хъахъхъæдта, уыдоны нæмттæ лæвæрд æрцыдысты уынгтæн. Сæйраг хæссы Рафаэль Хуцишвилийы ном, ис ма Герман Шакировы æмæ Михаил Фенстеры уынгтæ. Майрæмададжы ис 4 æфсымæрон ингæны. Хæсты азты бынæттон цæрджытæ йæ бон кæмæн куыд уыд, афтæ æххуыс кодтой хæстонтæн. Сæ хыгъды, Базраты Батразы фыд Алихан дæр.
Гæлæбаты Ритæйы фыдыл 13 азы йеддæмæ нæ цыд, знаг хъæумæ куы æрбацыд, уæд. Æмхъæуккæгтимæ хъæдмæ ацыд, баззад сырхæфсæддонтæн æххуыс кæнынмæ. Уыцы цаутæ Гæлæбаты Владимиры зæрдæйы уыдысты йæ цард-цæрæнбонты. Хæст куы фæцис, уæд райста аттестат, сахуыр кодта агрономыл æмæ ма суанг сси Майрæмададжы сæргълæууæг дæр.
Знагæй ам ничи тарстис. Хæцын йæ бон кæмæн уыд, уыдон та ацыдысты фронтмæ. Хъæуы 179 цæрæджы хъахъхъæдтой Фыдыбæстæ алы рæтты, 80-йæ фылдæр не *рыздæхтысты сæ хæдзæрттæм. Уыдоны тыххæй намыс хъахъхъæны Джериаты Светланæ. Æмбырд кодта чингуытæ, газеттæй слыггæгтæ, портреттæ, Майрæмæдаг чи хъахъхъæдта, уыдоны, æмæ быннæтон цæрджыты тыххæй мысинæгтæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты Майрæмадаг бафæрæзта фашистты æрбабырстæн. Ацы хъæуæн йæ хъæбатыр историйы бындуры ис Суаргом хъахъхъæнджыты æхсардзинад æмæ цыт. Сæрмагондæй уыдоны номыл ам никуы ахуысдзæн æнусон арт.




