13 февраля 2025, 10:40
Елхоты ацы аз байгом уыдзæнис культурон райрæзты центр
Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло
Елхоты ацы аз байгом уыдзæнис культурон райрæзты центр. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. 2-уæладзыгон бæстыхайы фæзуат уыдзæн 2 мин æмæ 500 квадратон метры. Уыдзæн Доййаты Дауыты уынджы. Центры уыдзæнис музыкалон æмæ аивадон скъолатæ, сфæлдыстадон æрмадзтæ æмæ секцитæ куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр. Байгом дзы кæндзысты библиотекæ æмæ æвзонг натуралистты станцæ. Ныртæккæ уал фæвæййы фыццаг уæладзыджы арæзтад. Уым уыдзæн стыр сценæ, уæрæх зал 400 бынатæн, кълæстæ æмæ техникон агъуыстытæ. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц «Хъæуккаг территориты комплексон райрæзты» паддзахадон программæмæ гæсгæ.
темæмæ гæсгæ




