филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:18 суббота, 28 сентября 2024
25 августа 2020, 13:13
Елхоты дарддæр цæуы аргъуаны арæзтад. Хæсдзæн Петр æмæ Павелы ном

роектмæ гæсгæ ам уыдзæн иттæг хорз акустикæ

Елхоты дарддæр цæуы аргъуаны арæзтад. Хæсдзæн Петр æмæ Павелы ном. Проекты автор у æрыгон архитектор Абысалты Юлия. Проектмæ гæсгæ ам уыдзæн иттæг хорз акустикæ. Аргъуан арæзт æрцыд цыппар азмæ. Куыстытæ цæуынц адæмы мысайнæгтæй. Сæйрагдæр меценаттæ сты Дзгойты бинонтæ. Хæрзцыбыр æмгъуыдмæ алайнаг аргъуаны фæзындысты дзуарынывтæ. Алы сурæт дæр æрбацæуджыты бафтаудзæн дисы. Ам уыдзæн удтæ дзæбæхгæнæн бынат.

Рагон зарджытæ ирон æвзагыл айзæлынц алы зæрдæйы дæр. Ныр 2 азы дæргъы ацы аргъуаны бетонæй арæзт къулты хсæн цæуынц службæтæ. Аргъуаны иу хай хæссы алайнаг Сыгъдæг уд Туаллаг Никъалайы ном. Цъæйы комы райгуырд 14-æм æнусы. Чырыстон диныл йæ зæрдæ кæй не сивта, уый тыххæй йæ амардтой Сирийы.  

Аргъуанæн бындур сæвæрынæй фыццаг арæзтадон куыстытæ райдайыны хсæн рацыд 7 азы. Уый размæ Елхоты чырыстон дины дзуары бынæттæ никуы уыди. Уый тыххæй-иу бынæттон цæрджытæ цыдысты Змейкæйы станицæмæ. Аргъуаны арзæтад кæй ныддæргъвæтин, уый нæ хынцгæйæ адæм сæ зæрдæ дардтой, Хуыцаумæ фæндаг кæй фæцыбырдæр уыдзæн, ууыл.

Елхоты Петр æмæ Павелы номыл аргъуаны арæзтад ма нæ иу хатт баууæндын кæны Сыгъдæг Августины ныхæстыл – Хуыцаумæ æнæнхъæлæджы хъуыддæгтæ нæй, зæгъгæ. Уымæн æмæ арæзтады бындуры фыццаг дур куы сæвæрдтой, уæдæй фæстæмæ дзы цæуынц цымыдисаг хъуыддæгтæ. Раздæр æй фæнд кодтой иу хуызы скæнын, фæныкхуыз, æнæ уæлдай хъуыддæгтæй. Ныр та йæ уынынц урс-урсидæй æмæ сызгъæрин тымбыл царимæ. Византийаг æмæ Алайнаг архитектурæйы ирд æвдисæн. Ам уыдзæн иттæг хорз акустикæ, уымæ гæсгæ чырыстон хорæн фадат уыдзæн æнæ микрофонтæй зарынæн. 13 азы размæ раст цыма уæларвæй хъæлæс фехъуыста, афтæ меценат Дзгойты Георгий сфæнд кодта аргъуан саразын.

Хæрзцыбыр æмгъуыдмæ алайнаг аргъуаны фæзындысты дзуарынывтæ. Алы сурæт дæр æрбацæуджыты бафтаудзæн дисы. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у аргъуаны арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнын. Уымæн æмæ ам уыдзæн удтæ дзæбæхгæнæн бынат. Сæйрагдæр та – Хуыцау адæймады зæрдæйыл кæм андзæвы, ахæм.

Хорз уаид, аргъуаны арæзтадæн йе ххуысы хай алчидæр куы хæссид, уæд. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ йæ фарсмæ ссардтой, астæуккаг æнусты арæзт чи рцыд, ахæм алайнаг аргъуаны фундамент.

Афтæ æнусты рацыдимæ, историйы æмæ дины бастдзинад нæ сæфы.Уыйхыгъдæнгом æмæ хæларæй иу кæнынц алайнаг дзуары бын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania