филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:34 среда, 17 декабря 2025
14 июля 2014, 11:22
Елхоты райдытой Сыгъдæг Петр æмæ Павелы номыл аргъуан аразын

Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Елхоты уыд бирæ адæм республикæйы алы районтæй. Уырнæг адæм дзы сбæрæг кодтой чырыстоны бæрæгбæттæй иу. 6 азы размæ дзы аразын райдыдтой

73365
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Елхоты уыд бирæ адæм республикæйы алы районтæй. Уырнæг адæм дзы сбæрæг кодтой чырыстоны бæрæгбæттæй иу. 6 азы размæ дзы аразын райдыдтой Сыгъдæг Петр æмæ Павелы номыл аргъуан. Æмæ кæд кæронмæ арæзт нæу, уæддæр цæрджытæ бæрæгбоныл зæрдиагæй сæмбæлдысты.

Бæрæгбоны аргъуыд сыгъдæг арвы бын … Елхоты Сыгъдæг Петр æмæ Павелы номыл аргъуанæн къултæ дæр нæма ис, фæлæ дзы уæддæр арæзт æрцыд дины бæрæгбон. Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты республикæйы алы районтæй Елхотмæ ацыд бирæ адæм. Ахæм æхсызгон хабар рагæй нæ уыд. Уырнæг адæм дзы сбæрæг кодтой чырыстоны бæрæгбæттæй иу.

Аргъуан саразыны фæнд сæм фæзынд 6 азы размæ. Фæлæ хца кæй нæ уыд, уый аххосæй хъуыддæгтæ ныддæргъвæтин сты. Ацы азы майы кæрон дзы кадджын уавæры сæвæрдтой фыццаг дур æмæ капсулæ. Æмæ хъæуы цæрджыты бæллиц æххæст кæнын райдыдта. Арæзтадмæ фæкæсынмæ сын зæрдæ æвæрынц бирæ адæм, се хсæн Челæхсаты Альберт æмæ Дзгойты æфсымæртæ дæр. Фæлæ хъæуы цæрджытæ зæгъынц, сæ иу дæр йæхи кæй нæ аиуварс кæндзæн, уый. Кæмæн, куыд æмæ цæмæй йæ бон уа, афтæ фæкæсдзысты арæзтадмæ.

Ног аргъуаны фыццаг аргъуыдмæ хуынд æрцыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æмæ республикæйы Хицауады администрацийы разамонæг Таболты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны бирæ уырнæг адæм ис. Парахат сты алы конфесситæ дæр. Фæлæ кæддæриддæр республикæйы цæрджытæ цардысты лымæнæй.

Ныртæккæ уал Кировы районы ис иунæг аргъуан, Змейкæйы станицæйы. Фæлæ цæрджытæ цин кæнынц, ныр сæ аргъауынмæ иннæ хъæутæм цæуын кæй нал хъæудзæн, ууыл. Кæд æй нырма аразгæ кæнынц, уæддæр дзы дины бæрæгбæттæ арæзт цæудзысты.

Арæзтад кæд фæуыдзæн, уымæн дзуапп ничи ма дæтты, фæлæ аразджытæ зæрдæ æвæрынц, ног аргъуан республикæйы се ппæтæй рæсугъддæр æмæ бæрзонддæр кæй уыдзæн, уымæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania