филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:07 суббота, 31 января 2026
15 марта 2023, 12:10
«Эрудит»-ы ахуырдзаутæн раргом кодтой къуымбилимæ архайды сусæгдзинæдтæ

Дæсныйадæвдисæг ахуырты рæстæг рабæрæг, ацы куысты хуыз сывæллæттæн тынг цымыдисаг кæй у, уый

Æрмдæсныйады хуыз сног кæнын. Проект «Ирыстоны къуымбилы хæдзар»-ы разамонæг Бзарты Аланæ скъола «Эрудит»-ы 4-æм къласы ахуырдзаутæн раргом кодта къуымбилимæ архайды сусæгдзинæдтæ. Дæсныйадæвдисæг ахуырты рæстæг рабæрæг, ацы куысты хуыз сывæллæттæн тынг цымыдисаг кæй у, уый. Цавæр æнкъарæнтæ фæзынд сабитæм нæ фыдæлты цардыуаджы фæрæзтæй арахайгæйæ, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Къуымбилæй нымæтын худтæ, дзаумæттæ, цæрæгойтæ æмæ ма мæсгуытæ дæр аразын. Проект «Ирыстоны къуымбилы хæдзар»-ы разамонæг Бзарты Аланæ скъола «Эрудит»-ы 4-æм къласы ахуырдзаутæн скодта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Бацамыдта сын, нымæтын худ куыд аразгæ у, уый. Ахæм куысты руаджы сабитæ æрмæст æгъдæуттыл нæ ахуыр кæнынц, фæлæ ма кусынц сæ зонындзинæдты райрæзтыл дæр.

Хъулаты Земфирæ, ахуырадон центр «Эрудит»-ы директоры хæдивæг: «Абон æрбацыдыстæм Бзарты Аланæмæ. Уынæм æй, сывæллæттæ куыд зæрдиагæй кусынц, уый. Лæппуйæ – чызгæй тынг ахсджиаг куыст кæнынц. Фыццаг хатт æрбацыдыстæм æмæ мæ фæнды, цæмæй ардæм арæхдæр цæуæм, уый. Фæнды мæ, цæмæй ахæм мадзæлттæ арæхдæр аразой канд ацы къласимæ нæ, фæлæ иннæ кълæстимæ дæр».

Бзарты Аланæ ног цард радта канд æрмдæсныйадæн нæ, фæлæ ма нымæтын дзаумæттæн дæр. Цæгат Ирыстоны «Къуымбилы хæдзар» у иу, фæлæ ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Дæсныйадæвдисæг ахуырты рæстæг рабæрæг, лæппутæн дæр ацы куыст цымыдисаг кæй у, уый.

Челдыты Ацæмæз, ахуырадон центр «Эрудит»-ы 4-æм къласы ахуырдзау: «Абон фыццаг хатт архайдтон къуымбилимæ. Стъолыл æй рæсугъд равæрдтон æмæ йæ сапонæй ныххуылыдз кодтон. Уыцы куыст мæ зæрдæмæ тынг фæцыд».

Кæд адæмæй æрмдæсныйады ацы хуыз ферох, уæддæр сæфт нæ уыд. Раздæр къуымбилæй куысты сусæгдзинæдтæ кæрæдзийæн æргом кодтой æрмæстдæр дзургæйæ, ныр та уыцы дæсныйадимæ зонгæ кæнынц национ скъолайы.

Бзарты Аланæ, проект «Ирыстоны къуымбилы хæдзар»-ы разамонæг:  «В семьях ремесла не передаются. Сегодня мы наблюдаем, с каким интересов каждый ребенок работает с войлоком. Мы понимаем, что санкции ограничивают наши возможности. Поэтому работа с войлоком очень востребована».

Ахсджиаг у ахæм ахуыртæ рæзгæ фæлтæры хсæн кæнын, уымæн æмæ хъуамæ уыдон дæр зоной нæ фыдæлты цардыуаджы фæрæзтæ. Бзарты Аланæ куыд зæгъы, афтæмæй кæд зын у уыцы куыст сног кæнын, уæддæр ыл иумæйагæй архайдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania