филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:16 вторник, 16 декабря 2025
07 марта 2014, 14:05
Этнокультурон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнынæн æмæ дзы куыд пайда кæнын хъæуы туризм райрæзын кæныны хъуыддаджы

Ууыл абон ныхас кодтой, Хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергейы разамындæй цы организацион æмбырд уыд, уым. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы

Этнокультурон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæнынæн æмæ дзы куыд пайда кæнын хъæуы туризм райрæзын кæныны хъуыддаджы
Ууыл абон ныхас кодтой, Хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергейы разамындæй цы организацион æмбырд уыд, уым. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссæудзысты УФ-йы Федерацийы Советы культурæйы комитеты депутаттæ. Сæ сæргъы Валентинæ Матвиенко. Семæ ссæудзысты иннæ регионты разамонджытæ дæр.

Кусæг балцы фембæлдзысты республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразимæ, бабæрæг кæндзысты Национ музей, бакæсдзысты дзы ног экспозици «Кавказы кадджытæм». Базонгæ уыдзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историйы музейы æрмæдджытимæ. Фембæлдзысты Гергиты Валерийы æмæ аивæдты лицейы хъомылгæнинæгтимæ.

Федерацийы Советы депутатты кусæг балцы нысан у Цæгат Кавказы историон, архитектурон æмæ культурон хæзнатæ сбæрæг кæнын æмæ ссарын мадзæлттæ сæ бахъахъхънынæн. Уыимæ сбæрæг кæнын бæлвырд мадзæлттæ сæ фæрцы туристон маршруттæ фæфылдæр кæнынæн. Цæмæй Кавказы республикæтæм инвестортæ æмæ хуымæтæг адæм арæхдæр цæуой, уый тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania