Проектыл кусынц зындгонд адæм – Махъоты Ацæмæз, Сабанты Тамерлан, Битарты Алыксандр, Хъæлæбекты Ян
Поэты тыххæй фæдзурынц уæлмонц æнкъарæнтæ æвдисгæйæ, æмæ арæх ивгъуыд рæстæджы. Цалынмæ æгас вæййы, уæдмæ йын йæ ном арæх нæ фæхъуыды кæнынц. Йæ амæлæты фæстæ та йын райдайынц уæлдай кад кæнын. «Уыди сабыр æмæ фæлмæн» – загътой Джыбызты Оскары тыххæй, 33-аздзыдæй куы ахицæн йæ цардæй, уæд. 16-аздзыдæй райдыдта Оскар æмдзæвгæтæ фыссын. Философтæ æмæ литератортæ йын бирæ азты мысдзысты йæ ном. 14-æм августы Евгений Вахтанговы хæдзары арæзт æрцæудзæн театралон равдыст йæ поэтикон уацмысты æмбырдгонд «Слеза в глазу колыбели» æмæ «На задворках моей души»-мæ гæсгæ. Фыццаг æмбырдгонд рухс федта Дзæуджыхъæуы, дыккаг та – Израилы, бакæсæн æй ис ивритыл. Проектыл кусынц зындгонд адæм – Махъоты Ацæмæз, Сабанты Тамерлан, Битарты Алыксандр, Хъæлæбекты Ян, стæй ма курдиатджын фæсивæд – Тауытты Арсен, Бесолты Дианæ, Саулохты Ланæ, Скодтаты Эмир æмæ иннæтæ. Проекты автортæ Тахъазты Валерий æмæ Дзекойты Юрий сценарий бацæттæ кæнын æмæ режиссерон куыст скæнын бахæс кодтой æрыгон сценарист Хъараты Аланæйæн.
