филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:42 среда, 09 июля 2025
08 сентября 2015, 18:44
Евгений Вахтанговы номыл театры гастрольтæ Дзæуджыхъæуы цæуынц дарддæр

Абон аивадуарзджытæ фембæлдысты Уæрæсейы адæмон артист Евгений Князевимæ. Фæстæдæр та театрдзаутæн равдисдзысты спектакльтæ «Матренин двор» æмæ «Дядюшкин сон». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, артисттæ республикæйы равдисдзысты фараст спектаклы, æмбæлдзысты аивадуарзджытимæ, аивæдты факультеты ахуыргæнджытæн æмæ студенттæн сараздзысты семинартæ. Гастрольтæ ахæсдзысты 11-æм сентябрмæ.

74943
Евгений Вахтанговы номыл театры гастрольтæ Дзæуджыхъæуы цæуынц дарддæр. Абон аивадуарзджытæ фембæлдысты Уæрæсейы адæмон артист Евгений Князевимæ. Фæстæдæр та театрдзаутæн равдисдзысты спектакльтæ «Матренин двор» æмæ «Дядюшкин сон». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, артисттæ республикæйы равдисдзысты фараст спектаклы, æмбæлдзысты аивадуарзджытимæ, аивæдты факультеты ахуыргæнджытæн æмæ студенттæн сараздзысты семинартæ. Гастрольтæ ахæсдзысты 11-æм сентябрмæ.

Дыууæ сахаты æмæ æрдæгмæ артисттæ сценæйæ иу ныхас дæр не ‘скодтой. Æмæ аивадуарзджытæ афтæмæй дæр алцыдæр æмбæрстой. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг сæм æвзæрыдис ахæм хъуыдытæ – куыд гæнæн ис æмæ Лев Толстойы «Анна Каренина»-йы ма уа зындгон кæмæй у, уыцы фарстатæ. Евгений Князев, йæхæдæг Каренины сурæт сарæзта, фæлæ йæ фыццаг не ‘мбæрста, куыд архайдзæн йæ роль раст æнкъартимæ ахъазыныл. Фæлæ режиссеримæ куы бакуыста, уæд æппындæр ницæуыл уал дызæрдыг кодта.

Æмæ кæд Князевы Каренинæн пьесæйы бирæ кафæн скъуытдзæгтæ нæй, уæд йæ цардæмбал Аннайæн та йæ фезмæлд у рог æмæ цæрдæг. Евгений Вахтанговы театры æрыгон актрисæ Ольга Лерман ахъазыд ныр фыццаг хатт.

Спектаклы дæргъы аивадуарзджытæ се ппæт дæр сты кафты бæстæйы. Актертыл баууæндын сын зын нæ уыд. Æмæ уæд сæвзæрд ног хъуыды – ныхæстæ дзы хъæугæ дæр нæ кодта. Æмæ уæвгæ хъæр кæнын нæ хъæуы, цæмæй дæ адæм фехъусой æмæ бамбарой. Æмæ ма иу хъуыддаг – спектаклы цы актертæ архайы, уыдонæй сæ фылдæрмæ дæр нæй хореографон дæсныйад.

Актерты алы зæрдæйыахаст дæр денджызы уылæнтау ахæццæ вæййы аивадуарзджытæм. Æмæ спектаклы режиссер Анжелика Холина, куыд зæгъы, афтæмæй æмбæрста, æнцон кæй нæ уыдзæн. Йæ сæйраг хъуыды у – кафын се ‘ппæт дæр зонынц, фæлæ сын кæй рауайдзæн, уый та се ‘ппæт не мбарынц, зæгъы режиссер.

Аивадуарзджытæй бирæтæ Лев Толстойы сфæлдыстадмæ ног цæстæй бакастысты. Æмæ театры труппæйæн дзырдтой бузныджы ныхæстæ, сбуц сæ кодтой тыхджын къухæмдзæгъдæй.

Дудайты Валентинæ, театрдзау: «Мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ ацы пьесæ мах алы хатт дæр æм кастыстæм æндæр постановкæты. ничи æнхъæлмæ каст уымæ æмæ Анна Каренинæйы актертæ кафгæ кæндзысты. æмæ тынг æхсызгон у, уымæн æмæ ног æнкъарæнтæ фæзынд ахæм спектаклы».

Рæсугъд æмæ арф хъуыды кæм ис, ахæм спектакль, афтæ зæгъынц аивадиртасджытæ. Альфред Шниткейы музыкæ дæр йæ хæс æгæронæй сæххæст кодта. Спектакль рауад æххæст æмæ мидисджын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania