28 августа 2014, 11:23
Фæдзæхстадон компаниты хивæнд митæ домынц машинæты хицæуттæй полис ОСАГО цас кæны, уыймæй зынаргъдæр аргъæй æлхæнын
Иуты, машинæ æндæр шофырмæ радтынæн ис бæлвырд номхыгъд. Иннæты та кæмæн дæ фæнды, уыдонæн се ппæтæн дæр. Фæлæ ахæм полис у 80% зынаргъдæр.
Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ фæдзæхстадон полистæ сты дыууæ.
Иуты, машинæ æндæр шофырмæ радтынæн ис бæлвырд номхыгъд. Иннæты та кæмæн дæ фæнды, уыдонæн се ппæтæн дæр. Фæлæ ахæм полис у 80% зынаргъдæр. Кæд клиенты фæнды асламдæр полис балхæнын, уæд ма йын фæдзæхстадон компанитæ, шофыры фæндон нæ хынцгæйæ, фæдзæхсын кæнынц йæ цард дæр. Уыимæ фидарæй зæгъынц, уый æнæмæнг хъуыддаг кæй у, уый. Машинæты хицæуттæн равзарыны фадат нал вæййы, афтæмæй та уый халы сæ фæлхасадон бартæ. Стæй кæд раздæр каст цыд шофыры фæлтæрддзинадмæ, авари кæй не скодта уымæ, уæд ныр уæлдай нал у. «Мæскуыйаг фæдзæхстадон компанийы» дзæуджыхъæуккаг филиалы раздæры директор Хуытъиты Игорь куыд бамбарын кодта, афтæмæй Уæрæсейы фæдзæхстадон компанитæн сæ хæрдзтæ се *фтиагтæй фылдæр сты æмæ бар-æнæбары æрхъуыды кодтой ахæм уæлæмхасæн фæдзæхстад. Фæлæ уый халы фæлхасгæнæджы бартæ.
Хуытъиты Игорь, фæдзæхсджыты бартæ хъахъхъæнæг цæдис «Талисман»-ы» директор: «Æз куыстон фæдзæхстадон компанийы, ныртæккæ та кусын куыстуаты, кæцы кусы уый тыххæй цæмæй æххуыс кæна фæдзæхсджытæн. Адæмæн, кæцытæ кæнынц полистæ фæдзæхстадон компанийы. Æххуыс сын кæнæм, цæмæй сæ бартæ æххæст уой».
темæмæ гæсгæ