Баст уыдысты цæрæн-коммуналон хæдзарады, банкты архайды, базарады æмæ хойрæгты фарстатимæ.
Уый тыххæй коллегийы æмбырды фехъусын кодта куыстуаты разамонæг Бутаты Хъазыбег. Архайдтой ма дзы Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ æндæр цæстдарæг органты минæвæрттæ. Куыд загътой, афтæмæй æмтгæй райсгæйæ, республикæйы санитарон-эпидемиологон уавæр у зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Фæлæ ис бакусинаг фарстатæ дæр. Сæрмагонд ныхас цыд бырондæтты тыххæй. Кæд ацы хъуыддагмæ æдзухдæр цæстдард цæуы, уæддæр æнæзакъон бырондæтты нымæц фылдæр кæны. Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй уавæр аивыныл, фыццаджыдæр, хъуамæ цæрджытæ сæхæдæг архайой. Коллегийы ма дзырдтой, æнæниздзинадхъахъхъæнынады фарстатыл дæр. Ныртæккæ республикæйы хæцгæнизы инфекцитæ кæмæ ис, уыдоны нымæц фæфылдæр. Фæлæ уавæр тæссаг нæу. Республикæйы фæзынд фадынæгæй рынчынтæ дæр.
Бутаты Таймураз, фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг: «Ивгъуыд азы адæмы æнæниздзинады бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр сты, адæм къаддæр рынчын кодтой. Цæмæй ног аз дæр æнцондæр уа адæмæн, ууыл архайдзыстæм. Адæм нæм цæуынц тынг арæх. Ахæм бон нæм нæ вæййы æмæ 10-15 адæймаджы ма æрбацæуа. Мах уымæн стæм, цæмæй адæмæн æххуыс кæнæм. Фылдæр сæ царды уавæрты, доны, фæндæгты уавæрты, уыдæтты тыххæй иууылдæр цæуынц ардæм».




