Ныссæгъдæг кодтой сæ куыстуæтты алыварс, базылдысты сквертæм æмæ парктæм. Зиутæ ахæсдзысты 30-æм апрелмæ. Бафснайынмæ адæм рацæуынц барвæндонæй.
Доны станцæ у Дзæуджыхъæуы цæрджыты уарзондæр бынæттæй иу. Фæлладуадзæн бонты, уæлдайдæр та хур бон вæййы адæмæй йедзаг. Фæлæ хъыгагæн бирæтæ дзы сæ фæстæ не `фснайынц.
Æрвылаз зиу кæнынмæ ардæм æрбацæуынц пысылмæтты разамынд дæр. Муфтий Гуæцæлты Хадзымурат куыд зæгъы, афтæмæй амфитеатры цур къуырийы размæ бафснайдтой, фæлæ та дзы цыбыр рæстæгмæ бырæттæ `рæмбырд.
Хъалæгаты Юрий: «Мæ сабийы бонтæ ацы горæты арвыстон. Ам иу æмæ дыууæ хаты нæ уыдтæн. Фæлæ дзы 30 азы размæ куыд сыгъдæг уыд æртæккæ афтæ нæу. Æмæ канд мæнæн нæ, фæлæ сепптæн дæр хъуамæ сæ зæрдæ риса Ирыстоны зæхх сыгъдæг уа. Хъуамæ йæ хъуыдагæй дæр æвдисæм. Удæй дæр, буарæй дæ рæмæ нæ бынæттæй дæр. Ахæм æнгъдау хъуыддæгтæ дзы уынæм. Æмæ дзы цы нæ ис».
Зиу кæнынмæ рацыд бирæ адæм. Сты горæты администрацийы, ведомствæты æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Сахатмæ Китайскийы донгæрæттæй раластой 2 камазы бырæттæ, фæстæдæр та ма ноджыдæр. Сæрмагонд машинæтæ бахъуыдысты, Металлургты галуаны цур цы фæзуат бафснайдтой, уым дæр. Ам цæрæн-коммуналон лæггæдты куысджытæ бырæттæй фæстæмæ раластой, тыхджын дымгæтæ цы бæлæстæ акалдтой, уыдон дæр.
Хъодзаты Руслан, Дзæуджыхъæуы дондзæуæнты хызæджы кусæг: «Дæлæ дзы доны станцæ кæндзысты, фæлæ ам та чъизи у. Цæрджытæ дæр дзы бирæ ис, фæлæ сæ бынатмæ дæр нæ кæсынц, фæллад уадзынмæ чи æрбацæуы, уыдон дæр чъизийæ ныуадзынц æмæ сæ фæстæ æфснайæм. Мах ардæм дæр нæ хауæм, фæлæ цы кæнæм. Худинаг сын уæд ам чи цæры, стæй чи æрбацæуы æмæ чи калы, уыдонæн се ппæтæн дæр».
Горæты фæзтæ бафснайыны зиутæ арæзт цæудзысты 30-æм апрельмæ. Куыстытæн хатдзæг скæны горæты мэр Дзантиаты Сергей. Бафиппайын хъæуы уый, æмæ кæд зиумæ фæсидынц, уæддæр адæм сæхæдæг барвæндонæй рацæуынц.
Моргуаты Ладæ




