Амыдта йæ Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Архайдтой дзы барадхъахъхъæнæг ведомствоты, фондты, стæй бынæттон хиуынаффæйады администрациты разамонджытæ.
Фæллойы паддзахадон инспекцийы разамонæг Дзуццаты Зауыр куыд фехъусын кодта, афтæмæй абон мызд фидыны иумæйаг хæс у 2 милуаны æмæ 700 мин сомæй фылдæр. Фарон бафидын кодтой 16 милуаны сомы бæрц хæстæ. Ацы хъуыддаджы баххуыс кодтой социалон фæдзæхстады фонд æмæ прокуратурæ. Кусы йыл пъырыстыфты службæ дæр. Фарон куыстой 2,5 мин хъуыддагыл, æмæ дзы 1600 кæронмæ конд æрцыдысты.
Æмбырды ма æрдзырдтой ведомствоты æмгуыстадыл, цæмæй адæм сæ мызд исой æргомæй. Æмбæхстæй йæ чи исы, уыдонæн фидæны сæ пенси уыдзæн ныллæг, æмæ уый хъуамæ æппæтæн дæр æмбарын кæной. Ахсджиаг у бæрнон службæты æмæ бынæттон хиуынаффæйады æмгуыстад.
Ныхас цыд мызды бæрцыл дæр.
Дзуццаты Заур, РЦИ-Аланийы фæллойы паддзахадон инспекцийы разамонæг: «Æппын къаддæр мызд 5554 сомæй ныллæгдæр хъуамæ ма уа. Уымæй къаддæр цы куыстуæтты разамонджытæ фидынц, уыдон баййафдзысты æфхæрд фæллойы паддзахадон инспекцийæ, прокуратурæйæ, слестгæнæг комитетæй, мидхъуыддæгты министрадæй. Курын куыстуæтты разамонджытæй, цæмæй закъон ма халой. Хъыгагæн, нæ республикæйы ахæм куыстуæттæ дæр ис, йæ кусджытæй хæс чи дары мызд фидыны. Фарон фæллойы паддзахадон инспекци бафидын кодта 16 милуан сомы, 2 мæйæ фылдæр чи фæдардта адæмы æнæ мыздæй, ахæмты».




