10 июля 2014, 17:29
Фæлтæрдджын тренер Гегкиты Руслан фæндзай азæй фылдæр сывæллæтты ахуыр кæны бæхыл бадыныл
Йæ хæдзары цæхæрадонæй сарæзта спортивон фæз. Æмæ йæм ардæм æрбацæуынц, фыццаджыдæр, фæкæсынхъуаг бинонты сабитæ æмæ, ацы спорт зæрдæйæ чи уарзы, уыдон. Гегкиты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъомылгæнинæгтæй тынг сæрыстыр у
Советон Цæдисы спорты мастер, æппæтуæрæсеон категорийы тæрхонгæнæг Гегкиты Руслан фæндзай азæй фылдæр сывæллæтты ахуыр кæны бæхыл бадыныл. Йæ хæдзары цæхæрадонæй сарæзта спортивон фæз. Æмæ йæм ардæм æрбацæуынц, фыццаджыдæр, фæкæсынхъуаг бинонты сабитæ æмæ, ацы спорт зæрдæйæ чи уарзы, уыдон. Гегкиты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъомылгæнинæгтæй тынг сæрыстыр у. Тугъанты Владимир, Багаты Юрий, Виктор Петухов æмæ æндæртæ схызтысты спорты бæрзæндтæм.
Горæты йæ фатер ауæй кæнгæйæ, хæдзар балхæдта хъæуы. Æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йын йæ уарзон куыстæн фылдæр фадæттæ æмæ рæстæг уа. Советон цæдисы спорты мастер, æппæтуæрæсеон категорийы тæрхонгæнæг Гегкиты Руслан фæндзай азæй фылдæр ахуыр кæны сывæллæтты бæхыл бадыныл. Йæ цæхæрадонæй сарæзта спортивон фæз. Æмæ йæм ардæм æрбацæуынц, фыццаджыдæр, фæкæсынхъуаг бинонты сабитæ, стæй уæд, ацы спорты хуыз зæрдæйæ чи уарзы, уыдон. Гегкиты Руслан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъомылгæнинæгтæй тынг сæрыстыр у. Тугъанты Владимир, Багаты Юрий, Виктор Петухов æмæ æндæртæ схызтысты спорты бæрзæндтæм.
Лагкуты Маринæ та фыццаг хатт бæхыл сбадти аст мæйы размæ. Фыццаг уæрæсейаг ерысты архайгæйæ рамбылдта æвзист майдан. Скъолайы дæр ахуыр кæны иттæг хорз бæрæггæнæнтыл. Ацы спорты хуыз та йын бауарзын кодта йæ фæлтæрдджын тренер.
Лагкуты Маринæ, Уæрæсейы Кубокы æвзист призер: «Мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Зæгъæн ис, æмæ мæ бæллиц цы уыди, уый мæ къухы бафтыд».
Дæс аздзыд Исламæн та бæхтæ систы æвдадзы хос. Лæппуйы фыд куыд дзуры, афтæмæй Руслан фыццаг бон сбадын кодта сывæллоны бæхыл. Мах ыл баууæндыдыстæм, æмæ ныр фæсмон нæ кæнæм, зæгъынц ныййарджытæ.
Гулуты Хетæг, Исламы фыд: «Æрбацыдтæн ардæм, æмæ нын Руслан тынг баххуыс кодта. Рагæй нын дзырдтой, бацæут æм, зæгъгæ, фæллæ нæ зæрдæ нæ дардтам. Уымæн æмæ раздæр æндæр рæттæм цыдыстæм. Ныр нын æхсызгон у, кæй нын баххуыс кодта, уый».
Гегкиты Руслан йе мбал Чегаты Климимæ ныр дыууæ азы бæрц аразы квалификацион ерыстæ. Уый æнæмæнг хъæугæ у, цæмæй бæхты уадзой æппæтуæрæсеон æмæ дунеон турниртæм. Ныртæккæ Русланы фондз ахуыргæнинаджы сты уæрæсейы иугонд командæйы. Уæвгæ та фæлтæрдджын тренермæ ахуыр кæнынмæ ссæуынц нæ бæстæйы æндæр регионтæй дæр.
Руслан йæхæдæг дæр йæ цард æнæ бæхыл бадынæй нæ уыны. Кæд ыл æвдай æртæ азы цæуы, уæддæр у иунæг, æппæтдунеон ерысты сæдæ æхсай километры дугъы чи фæархайы, ахæм. Фæлæ йын сæйрагдæр у сывæллæттимæ кусын. Къуылымпытæ сæвзæры æрмæстдæр, фæрæзтæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй. Зæгъæм, йæ ахуыргæнинаг Лагкуты Маринæ ерысты хъахъхъæдта Рязаны кад. Фæлæ йæ фæндид йæ уарзон республикæйы тырысаимæ рацæуын.
Гегкиты Русланы хæдзары уæттæй иу дзаг у майдантæй æмæ кубоктæй. Уый ма у иу æвдисæн йæ ахадгæ куыстæн. Спортсмен йæ зæрдæ дары йæ хъомылгæнинæгты ног æнтыстдзинæдтыл. Уымæн æмæ зоны, фæсивæды æфхæрын нæ хъæуы, фæлæ сæ хъæуы уæлахиздзаутæ аразын.
Фидараты Маринæ
темæмæ гæсгæ




