филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:24 понедельник, 15 декабря 2025
25 июня 2014, 17:28
Фæндæгтæ нырыккон стандарттæм гæсгæ аразын

Трассæты æвзæр уавæр та баст у фæндæгты хæдзарады кусджыты чысыл мыздимæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады Комитеты сæрдар Хъазыбегты Георгий йæ пресс-конференцийы. Ацы телесезоны уыд фæстаг.

73062
Фæндæгтæ нырыккон стандарттæм гæсгæ аразын. Трассæты æвзæр уавæр та баст у фæндæгты хæдзарады кусджыты чысыл мыздимæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады Комитеты сæрдар Хъазыбегты Георгий йæ пресс-конференцийы. Ацы телесезоны уыд фæстаг. 
Радзырдта ма сæ ног проектты тыххæй, стæй республикæйы фæндæгты уавæр куыд фæхуыздæр кæнæн ис, уый тыххæй дæр. Хъазыбегты Георгий фехъусын кодта, 6 азмæ Цæгат Ирыстоны кæй нысан кæнынц фæндæгтæн се 70% банывыл кæнын. Ацы аз уал сæ арæзтадыл æмæ цалцæгыл схардз кæндзысты 236 милуан сомы. Уыимæ фыццаг хатт алы ран дæр скæндзысты нысантæ. Æдасдзинадыл кусгæйæ та æппæтæй тæссагдæр рæтты 11 милуан сомы аргъæн æвæрд æрцæудзысты сæрмагонд нырыккон нысантæ. Комитеты сæрдар куыд загъта, афтæмæй йæ ведомство фæнд кæны фæллойгæнджыты куысты уавæртæм бæрнондæрæй кæсын. Компаниты разамонджытимæ рæстæгæй-рæстæгмæ арæзт фæцæуынц фембæлдтытæ. Комитеты специалисттæ кæндзысты мониторинг æмæ кæсдзысты, цæмæй фæндæгты аразджытæм æппæт æмбæлгæ техникæ уа, уымæ. Хъазыбегты Георгий ма загъта, бæстон æркæсинаг кæй сты Дыгуры æмæ Æрыдоны районты фæндæгтæ. Æмбæлгæ домæнтæн дзы дзуапп нæ дæттынц 90%. Æмтгæй райсгæйæ та республикæйы фæндæгтæн æрмæстдæр се рдæг сты хорз уавæры.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania