филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:32 вторник, 16 декабря 2025
13 декабря 2012, 13:51
Фæндæгты уавæрыл æрдзырдтой фæндæгтыл æдасæй цæуыны хицауадон къамисы æмбырды

Сæ ныхæстæм гæсгæ фаронимæ абаргæйæ уавæр аивта æвзæрырдæм. 11 мæймæ нæ республикæйы æрцыд 685 фæндаггон фыдбылызы. 149 адæймаджы дзы фæмард и, мины бæрц та алыхуызон цæфтæ фесты. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры хæдивæг Реуазты Таймураз куыд загъта, афтæмæй 20 декабры байгом уыдзæн ахуырадон центр.

Сæ ныхæстæм гæсгæ фаронимæ абаргæйæ
уавæр аивта æвзæрырдæм. 11 мæймæ нæ

республикæйы æрцыд 685 фæндаггон фыдбылызы. 149 адæймаджы дзы фæмард и,
мины бæрц та алыхуызон цæфтæ фесты. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры
хæдивæг Реуазты Таймураз куыд загъта, афтæмæй 20 декабры байгом уыдзæн
ахуырадон центр.

Фæндаггон фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс
кæныныл чи архайы, уыцы службæты кусджыты ахуыр кæндзысты фыццаг æххуыс
кæныныл. Ныхас цыд, Ног Азы бæрæгбæтты рæстæг цавæр фæткмæ гæсгæ
кусдзысты, ууыл дæр. Арæзт цæудзысты рейдтæ, сывæллæтты фæлладуадзæн
бынæттæм ласгæйæ бæрæг кæндзысты транспорты техникон уавæр.

Беккуызарты Хасанбег, фæндæгтыл æдасæй
цæуыны паддзахадон инспекцийы хицау: «Фыццаджыдæр, архайæм ууыл, цæмæй
къаддæр цæуой, фылдæр кусæм организацитимæ, шофыртимæ. Уыцы фыдбылызтæ
цæуынц, фæндаггон æгъдæуттæм кæй нæ кæсæм, уый тыххæй. Адæм кæм не
мбæлы, уым хизынц фæндаджы сæрты, шофыртæм дæр кæсын хъæуы. Алы хатт дæр
уый дзурæм, фæлæ уæддæр хъуыддаг нæ хуыздæр кæны, фæлæ нæ куыст афтæ
араздзыстæм, цæмæй къаддæр фыдбылызтæ уа фæндагыл».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania