филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:46 воскресенье, 19 мая 2024
22 апреля 2014, 17:09
Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ се вæрæн бахастой æппæтуæрæсеон социалон компанимæ

«Притормози», афтæ хуыйны рæвдауæндæтты, скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы акци цæуы, уый. Сывæллæттæн хъазты хуызы амонынц фæндаггон æгъдæуттæ. Скъоладзаутæ фæндагыл цæуыны фæтк хуыздæр бахъуыды кæнынц сæ уроктæм гæсгæ.

Фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ се вæрæн бахастой æппæтуæрæсеон социалон компанимæ.

«Притормози», афтæ хуыйны рæвдауæндæтты, скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы акци цæуы, уый. Сывæллæттæн хъазты хуызы амонынц фæндаггон æгъдæуттæ. Скъоладзаутæ фæндагыл цæуыны фæтк хуыздæр бахъуыды кæнынц сæ уроктæм гæсгæ.
 
Сывæллæттæ шофыртæн лæвæрдтой зæрдылдарæнтæ дæр. Фыст дзы ис – фистæгæй цæуæн фæндаджы хайы цур хъуамæ машинæ æрлæууа, адæймаг дзы куы нæ уа, уæддæр.

Автоинспекцийы кусджытæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ацы азы 3 мæймæ республикæйы фæндæгтыл æрцыди 47 фыдбылызы, фæмарди дзы 12 адæймаджы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania